филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
22 сентября 2020, 14:20
Цæгат Ирыстоны Уæрæсейы журнæлистты хайад хаст æрцыд Бæстæйы ссæдз хуыздæрты номхыгъдмæ

Уый тыххæй фехъусын кодтой нырыккон журналистикæйы форум «Вся Россия»-йы

Цæгат Ирыстоны Уæрæсейы журнæлистты хайад хаст æрцыд Бæстæйы ссæдз хуыздæрты номхыгъдмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой нырыккон журналистикæйы форум «Вся Россия»-йы. Цæуы Сочийы. Ацы аз форумы архайы 900 адæймаджы. Цæгат Ирыстонæй дзы, ныр æртыккаг аз, архайы стыр делегаци. Ис дзы 21-адæймаджы. Форумы архайын сæ бон баци республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы æххуысы фæрцы.  Форум цæуы  19 –æм  25 сентябрмæ. Йæ архайджытæн бар ис архайын алыхуызон дæсныйадæвдисæг ахуырты, фембæлдтыты зындгонд адæмимæ. Цыппæрæмы та, форумы  арæзт æрцæудзæн Цæгат Ирыстоны Дзыллон Информацион фæрæзтæ æмæ пресс-службæты презентаци. Бæлвырддæр Моргуаты Ладæ.

Традицитæ бахъахъхъæнгæйæ, фæлæ ног хуызы. Уæрæсейы аллы къуымтæй 900 журналисты ногæй æрæмбырд сты Сочийы фестиваль «Вся Российæ»-йы. Кæд пандемия фæбæрæг, уæддæр нырыккон журналистикæйы форум арæзт æрцыд, æрмæст йæм уавæр хынцгæйæ бахастой æнæниздзинадæн адасдзинады мадзæлттæ.

Журналистты куыст райдыдта кадджын мадзал байгом кæнгæйæ. Дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, зындгонд адæмимæ зонгæдзинад, æмæ короновирусы рæстæг фæлтæрдзинад ма фесафыны сусæгдзинæдтæ. Коронавирус, стæй ма интернеты тыгъдады куыст æмæ зындгонд социалон хызæгты архайд, сты форумы ахсджиагдæр темæтæ.

Диана Квахаджелидзе у Æрыдоны районы газеты кусæг. Форумы ис фыццаг хатт. Æрыгон журналистæн цымыдиссаг у инстаграмы тыххæй фылдæр базонын.

Газет «Рахизфарсы царды» сæйраг редактор та зæгъæн ис æмæ форумы ыххæй зоны алцы дæр. Архайы дзы 6-æм хатт. Зæгъы иунæгæй Ирыстоны кой ракæнын ахæм егъау мадзалы йын зын уыдаит.

Ныр 3 азы фæд-фæдыл нæ республикæйы делегаци у æппæтæй егъаудæр. Журналисттæн уыцы фадат дæтты нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Ацы хатт делегацийы уæнгтæн сæ фылдæр сты районты газеттæй. Æмæ уый хуымæтæджы нæ

Форумы ис хицæн фæзуат пресс-секретарьтæн. Уыцы ногдзинад фæзынд фарон. Дзыллони-информацион фæрæзтимæ æмгуыстады темæмæ та ам стыр æргом аздæхтой.

Форумы фыццаг бонты радзырдтой кусты хатдзæгты тыххæй. Сбæрæг кодтой Уæрæсейы журналистты Цæдисы хуыздæр 20 хайады. Се хсæн Цæгат Ирыстон дæр. 

Уыцы иу рæстæг йæ куыст райдыдта равдыстадон зал дæр. Уыдзæн дзы 20 презентацийы. Цымыдисаг æрмæг бацæттæ кодтой нæ республикæйы журналисттæ дæр. Нырма уал æппæт сусæгдзинæдтæ нæ раргом кодтой. Фæлæ зæрдæ æвæрынц ацы хат дæр кæй уыдзæн ирд æмæ зæрæдæмæдзæугæ.

Форумы программæмæ гæсгæ ацы хайы алы регион дæр архайы цавæрдæр цымыдисагдзинад равдисыныл. Афтæ Дагестаны минæвæрттæ се ргом аздæхтой национ æрмдæсныйадмæ. РИА Новостийы чи кусы, уыдоны æрхъуыдымæ гæсгæ та алæкæйы бон у йæхи кæсæнцæстыт руаджы  банкъарын  ивгъуыд æнусы салдатæй, кæцы рейхстаджы сæрмæ садзы тырыса.  Кæнæ та фесты диссаджы нартхоры фæзуаты.

Форумы архайджытæм нырма æнхъæлмæ кæсы 3 цымыдисаг боны. Цæгат Ирыстонæн йæ презентаци уыдзæн фестивалы фæстаг бон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania