филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 суббота, 28 сентября 2024
24 сентября 2020, 12:48
Наркотикты ныхмæ къамисы æмбырд Битарты Вячеслав райдыдта æнахъом сывæллæттæ кæм архайдтой, ахæм цауты статистикæйæ

Алы хъуыддагмæ дæр дзы æркæсын хъæуы хицæнæй, лæмбынæг

Наркотикты ныхмæ къамисы æмбырд Битарты Вячеслав райдыдта æнахъом сывæллæттæ кæм архайдтой, ахæм цауты  статистикæйæ. Алы хъуыддагмæ дæр дзы æркæсын хъæуы хицæнæй, лæмбынæг. Æрæджы наркотикты аххосæй дыууæ æнахъом сывæллоны ныххаудтой комæйы. Дохтырты æххуысæй тыххæй аирвæзтысты.

Æмбырды ныхас цыди мидхъуыддæгты министрады кусджытæ рейдты рæстæг, наркотикты æнæзакъон зилдухы чи архайдта, ахæм фыдгæнджыты къорды кæй æрцахстой, уый тыххæй дæр. Афæдзы райдианæй сбæрæг кодтой 22 ахæм цауы. Наркотиктæ чи уæй кодта, ахæм 5 адæймаджы хъуыддæгтæ æрвыст æрцыдысты тæрхондонмæ.

Республикæйы физкультурæ æмæ спорты министры хæдивæг Санаты Аидæ куыд загъта, афтæмæй 36 раззагдæр тренеры сæ фæлтæрддзинад уæлдæр кодтой  допингты ныхмæ тематикæйы курсыты. Спортивон ведомствæйы хъæппæрисæй ацы аз арæзт æрцыди наркотикты ныхмæ 5 акцийы. Ахæм акцитæ арæзт æрцæудзысты республикæйы районты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania