филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 суббота, 28 сентября 2024
24 сентября 2020, 13:51
Хуссар Ирыстоны цæрджытæн Боргустаны уæззау цаутæ дзæвгар рæстæг уыдысты чи нæ байгас, ахæм зæрдæйы хъæдгомау

Æвæццæгæн махæй дæр бирæтæ фехъуыстой, уыцы цауты тыххæй, фæлæ цæимæ баст сты æмæ дзы чи архайдта, уый бæлвырдæй стæмта зонынц

Хуссар Ирыстоны цæрджытæн Боргустаны уæззау цаутæ дзæвгар рæстæг уыдысты чи нæ байгас, ахæм зæрдæйы хъæдгомау… Æвæццæгæн махæй дæр бирæтæ фехъуыстой, уыцы цауты тыххæй, фæлæ цæимæ баст сты æмæ дзы чи архайдта, уый бæлвырдæй стæмта зонынц. Хæуытаты Зинæ афæлгæст историон цаутыл, æмæ йын бакæсæм йе рмæгмæ.

Ивгъуыд æнусы 20 азты Гуырдзыстоны хицæуиуæг кодтой   меньшевиктæ. Июны мæйы уыдон ныбырстой Хуссар Ирмæ… Ам цы тохтæ сарæзтой, уыдон, кæд сæ масштабтæм гæсгæ уыдысты къаддæр, уæддæр сæ  æвæццæгæн абарæн ис, ФС хæсты цæутимæ…  Цхинвалæй  Ручъы хъæуы онг ахæм хæдзар нæ баззад ацы цауты цæхæр, кæй нæ басыгъта … Не взæрстой зæрондæй, æрыгонæй сывæллонæй, сылгоймагæй нæлгоймагæй.  Сæ цæрæн бынæттæ æмæ райгуырæн зæхх ныууадзгæйæ адæм лидзгæйæ  æмбæхстысты  хъæдты…

Агасæйма дзы –иу чи баззад, уыдон –иу ахыстысты фцæджы сæрты…  Сæ  фæд-фæд фæндагыл та æнустæм хуысгæйæ  баззадысты абоны онг  сæ нæмттæ кæмæн не сбæрæг, уыдон. Уыцы рæстæг та Хуссар Ирыстоны сахъгуырд лæппутæ  арвыст æрцыдысты Старапъолы крайы станицæ Боргустан  урсгвардионтæй суæгъкæнынмæ. Минæй    фылдæр сырхгвардионы æрæмбырд сты Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы вокзалы æмæ ацыдысты, куыд фæзæгъынц сæ ацу æмæ ма рацуйы фæндагыл. Сæ бригадæ арæзт уыд куыд фистæг, афтæ бæхджын полктæй дæр. Фыццаг уал æрвыст æрцыдысты Кислолводск æмæ йæм æвахс цы хъæутæ ис, уыдон ссарибар кæнынмæ. Уый фæстæ та  сæ фæндаг уыд тохы цæхæрмæ- Бургустанмæ.  Уырдæм æфтгæ бæргæ бакодтой, фæлæ…

Тыхтæ  æммиас нæ уыдысты, афтæ куы зæгъæм, уæд, æвæццæгæн фæрæдыйдзыстæм, дзæвгар фылдæр æмæ гæрзифтонгдæр. У тфæлæ сæ размæ æвæрд хæсæддæр цыбыр рæстæджы фæстæ сæ къухы бафтыд станицæмæ бахизын.  Бирæ хæдзæрттæ дзы федтой афтидæй, бирæты та уыдысты урсгвардионтæ. Райдыдтой карз тохтæ. Бирæ зиантимæ, фæлæ сæ размæ æвæрд хæс æххæст кодтой. Бригадæйæн разамынд чи лæвæрдта, уыдон се ппæт, кæд уырыссаг мыггæгтыл фыстой сæхи, уæддæр дарддæр цы цаутæ æрцыд,уыдонæй скæнæн ис фиппайнаг, бынтон афтæ кæй нæ уыд. Не мзæххонтыл, иу-ахæмы тохы фæстæ, рацыдысты гадзрахатæй- ауæй сæ кодтой. Бахаудысты æрхъулайы. Бацайдагъ лæгæвзарæн тох. Урсгвардионтæ æрмæст нымæцмæ гæсгæ нæ уыдысты бирæ фылдæр, фæлæ ма уыдысты гарзифтонгдæр. Уæддæр ацы ран тохты  не мзæххонтæй ирон лæджы кад æмæ намыс дæлæмæ ничи æруагъта. Хъæбатырæй хæцыдысты сæ фæстаг сулæфты онг. Ацы ран сын æххуыс фесты бынæттон цæрджытæй ма чси баззад, уыдон. Архайдтой цæф  æфсæддонты тохы цæхæрæй исты хуызты раласын.

Цас рацыдаид, уый, авæццæгæн абон бæлвырд нæу, фæлæ ма уыцы рæстæгмæ, бригадæйæ æгасæй чи баззад, уыдоны æххуысмæ ма æрбатагъд кодта Гаджиты Бадилайы бæхджын полк. Ссæрибар кодта не мзæххонты. Мин адæймагæй  фылдæрæн та Бургустаны зæхх сси се нусон бынат.

196-æм азты Бургустаны зæххыл, уыцы сахъгуырд хæстонтæн арæзт æрцыд цыртдзæвæн. Уæдæй абонмæ нæ уыд цалцæггонд. Æрцыд æдзæллаг уавæрмæ. Ныртæккæ бынæттон хицауады хъæппæрисæй  ацы фарстамæ æргом здæхт цæуы.

Уыцы цаутæ банымайæн ис ирон адæмы фыццаг геноцидыл. Ацы аз сыл æххæст кæны 100 азы. Хъуама рох ма уой. Уый  фæдыл  Кисловодскы  арæзт  æрцыд сæрмагонд  мадзал.  Æрмысыдысты  æнæаххосæй уым чи  фæмард, уыдоны нæмттæ. Номарæн мадзалы архайдтой ЦИ æмæ Фæсарæйнаг æхсæнадон минæвæрттæ дæр.

11 –æм сентябры 1968 азы Боргустаны станицæйы  Фæлæ рæстæджы згъордимæ  рох кæнын байдыдтой…Цæвæр фæнды хъæдгом дæр байгас кæны… Æмæ кæд  цыд æмæ  Боргустаны

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania