29 сентября 2020, 14:42
Нæ республикæйы сомихæгты æмæ Азербайджаны æхсæнадон минæврттæ дæр тыхсынц æмæ сидынц, цæмæй быцæу лыггонд æрцæуа хæларæй
Быцæуы ныхмæ дзурынц куыд политиктæ, афтæ хуымæтæг цæрджытæ дæр
Нагорный Карабахы уавæр кæй карздæр кæны æмæ Сомих æмæ Азкрбайджаны æхсæн ахастдзинæдтæ кæй фехæлдысты, уый кæй зæгъынæй хъæуы тыхсын кæны Уæрæсейы дæр. Быцæуы ныхмæ дзурынц куыд политиктæ, афтæ хуымæтæг цæрджытæ дæр.
Æхстытæ кæй цæуынц, уый аххосæй æрцыд зиантæ, Карабахы сфидар кодтой æфсæддон уагæвæрд. Нæ республикæйы сомихæгты æмæ Азербайджаны æхсæнадон минæврттæ дæр тыхсынц æмæ сидынц, цæмæй быцæу лыггонд æрцæуа хæларæй, дипломатон ахастдзинæдтæм гæсгæ. Абон нæ республикæйы цæры 15 мин сомихаджы, фæлæ æнæофицалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ сты 2 хатты фылдæр. Уыдон хæларæй цæрынц аллы адæмы хæттытимæ, уимæ Азербайджайнæгтимæ дæр.