филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:20 суббота, 28 сентября 2024
30 сентября 2020, 13:44
Хицауады æмбырды боны фæткмæ рахастой цардархайды актуалон фарстатæ

Иууылдæр баст уыдысты бюджетон, туристон æмæ адæмæн социалон æххуыс кæныны къабæзтимæ

Мæгуырдзинады æмвæзад фæдæлдæр кæнын, арæзтадмæ æхца чи бахаста, æмæ сайды чи бахауди, ахæм адæмы фарста алыг кæнын, республикæйы районтæн фæрæзтæ дих кæныны хъуыддагмæ æркæсын. Хицауады æмбырды боны фæткмæ рахастой цардархайды актуалон фарстатæ.

Иууылдæр баст уыдысты бюджетон, туристон æмæ адæмæн социалон æххуыс кæныны къабæзтимæ. Сæйрагдæр ныхас цыди цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадæн муниципалон скондтæй цы фæрæзтæй дихгонд цæуы, уыдоныл, спортивон фæзты арæзтад æмæ кредитты фиддонты тыххæй хæстыл.  Регионалон программæ цæрынæн æппынкъаддæры бæрц кæмæ хауы, уыцы цæрджыты нымæц фæкъаддæр кæныны проект бахаста фæллойы æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барис.

Куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæ размæ  сæвæрдтой ацы бæрæггæнæнтæ дыууæ хатты фæкъаддæр кæныны, адæмы æфтиæгтæ фæфылдæр кæныны æмæ сын куысты ныллæууыны фарстайы баххуыс кæныны хæс. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз загъта, ацы программæ пайда кæй у, æмæ йыл хъæуы бæстонæй æмæ ахадгæйæ бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania