филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:14 суббота, 28 сентября 2024
06 октября 2020, 13:37
Гъуцъунаты Розæ йæ царды фылдæр хай балæвар кодта сывæллæтты хъомыладæн

Æрæфы районы рæвдауæндон «Солнышко»-йы директорæй фæкуыста æрæджыйы онг

Цæгат Ирыстон хъæздыг у куырыхон  адæмæй. Уыдоны фæрцы рæзгæ фæлтæр у ныфсджын. Хайджын сæ кæнынц сæ зонындзинæдтæй. Уыцы фæлтæрдджын хистæртæй иу у Гъуцъунаты Розæ. Уый йæ царды фылдæр хай балæвар кодта сывæллæтты хъомыладæн.   Æрæфы районы  рæвдауæндон «Солнышко»-йы директорæй фæкуыста æрæджыйы онг. 

Йæ сабибонтæ бæллиццаг кæмæн нæ вæййынц, уыцы адæймаджы фидæны фæфæнды йæ алфамбылай цы адæм ис, уыдоны йæ уды хъармæй хайджын кæнын.  Гъуцъунаты -Калухти Розæ æнæ фыдæй раджы баззад. Йæ фыд нал сыздæхт хæсты быдырай. Æвæццæгæн уый ахуыргæнæг кæй уыд, уымæ гæсгæ Розæ дæр йæ сабибонтæй  бæллыд  ахуыргæнæг суæвынмæ.

Розæйæ иу уысм дæр нæ рох кæнынц йæ раздæры æзтæ, йæ раздæры хъуыддæгтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй  царды  фæндæгтыл цæугæйæ сæмбæлд бирæ алыхуызон хъуыддæгтыл. Сæ иутыл цин кодта, иннæтæй та  иста йæ дарддæры цардæн уроктæ.

Розæ фынддæс азы Цыколайы фыццæгæм скъолайы куы бакуыста,уæд дзы ракурдтой, цæмæй рæвдауæндоны  сæргъы æрлæууа, уый.

Рæвдауæндон «Солнышко»-йы  69 азмæ  рацыд цалдæр фæлтæры. Кæд стыр нæу, уæддæр алкæйы  фæнды йæ сабийы  ардæм æрбакæнын. Уымæн æмæ дзы  Розæ йæ коллективимæ сæвæрдта ахæм фæтк, цæмæй сабитæ сæхи æнкъарой, цымæ сæхимæ сты, афтæ. 

Рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтимæ куыст цæуы хъомылады нырыккон домæнтæ хынцгæйæ.

«Солнышко»- йыл æрзилгæйæ, зын бамбарæн нæу ацы  зæронд бæстыхайы сæргъы лæууын æнцон кæй нæ уыд, уый. Цæмæй сабиты  аккаг уа, уымæй дзы æрвылбон удвæллой бавæрын хъуыд. Розæ кæд абон рæвдауæндоны сæргъы нал у, уæддæр  ын йæ фæллойæн аргъ кæнынц канд  йæ коллектив нæ, фæлæ районы разамынд дæр. Хидирты Батраз ын саккаг кодта кады гæххæтт йæ хъæздыг фæллойадон цардвæндаджы тыххæй. Гъуцъунаты-Калухты Розæ йæ цардмæ фæстæмæ куы ракæса, уæд дзы фендзæн хъæздыг тыллæг. Цы бирæ фæлтæртæн балæвар кодта йæ фæлмæн ныхас æмæ йæ зондахаст, уыдон æй кæй  нæ рох кæнынц, уымæй хуыздæр хорз та нæ хъæуы, йæ цард сывæллæтты хъомыладæн чи не вгъау кæна, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania