филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:13 суббота, 28 сентября 2024
07 октября 2020, 15:55
Хъарм бацæудзæн алы хæдзармæ дæр

Нæ республикæйы кæронмæ фæхæццæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ

Хъарм бацæудзæн алы хæдзармæ дæр. Уый у сæйрагдæр. Нæ республикæйы кæронмæ фæхæццæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Дзæуджыхъæуы бæрæггæнæн куыст скодтой 42 хъармгæнæны. Уыдонæй цалдæры цыдысты цалцæггæнæн куыстытæ, иуæй-иуты баивтой хъармдæттæг агтæ. Ацы хатт та не сфæлдыстадон къорд абалц кодта Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районтæм. Цавæр хатдзæгтæ скодтой, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Гæджиты Сослан.

Черменыхъæуы скъолайы хъармгæнæны æвæрынц ног пец. Раздæр дзы чи уыди, уый нал куыста. Ныр сæ зæрдæ дарынц, ацы зымæджы кълæсты хъарм кæй уыдзæн, ууыл.

Уазæлттæм сæхи цæттæ кæнæнц Рахизфарсы районы дæр. Куыстытæ райдыдтой уалдзæджы. Беслæны Хлебныйы фæрсуынджы хъармгæнæны кусджытæ раиртæстой аиппытæ, дон дзы калди. Ныр объектмæ базылдысты, æмæ дзы тæссаг нал у.

Хъармгæнæнты уавæрмæ алы бон дæр æркæсынц специалисттæ. Кусджытæ фыццаджыдæр сбæрæг кæнынц хæтæлты уавæр, уый фæстæ та сбарынц системæйы доны температурæ. Рахизфарсы районы æппæт хъармгæнæнтæм æркастысты Уæрæсейы техникон цæстдарды цæгатирыстойнаг Управленийы спеицалисттæ. Уымæ гæсгæ фидарæй зæгъæн ис, хъармгæнæн сезонмæ алцыдæр у цæттæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania