филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:14 суббота, 28 сентября 2024
08 октября 2020, 15:16
Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыди УФ-йы æххæстбарджын минæвары хæдивæг Дардскæсæйнаг федералон зылды Юрий Трутнев

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ бабæрæг кодтой фидæны курорт «Мамысон»-ы фæз

Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыди УФ-йы æххæстбарджын минæвары хæдивæг Дардскæсæйнаг федералон зылды Юрий Трутнев. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ бабæрæг кодтой фидæны курорт «Мамысон»-ы фæз. Цæугæ æмбырды ма архайдтой æндæр бæрнон кусджытæ дæр, стæй инвесторты къорд. Федералон уазæг æркасти арæзтадон объектмæ, æмæ æрныхас кодта егъау проекты рæзты мадзæлттыл. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй республикæйы экономикон æмæ социалон уавæрыл фæзындзæни хорзырдæм.

Хицауады сæрдары хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ, 2022-æм азы кæронмæ «Мамысон»-ы фæзындзæни 2 мин уæлæмхасæн куысты бынаты. Афтæмæй, фæкъаддæр уыдзæн æгуыст адæмы нымæц. Хъуыддаг зæрдæйы фæндон куы ацæуа, уæд та дзы уыдзæни 3 мины æмæ 5 сæдæ куысты бынаты. Ацы хъуыддагмæ се вæрæн бахæсдзысты инвестицион программæтæ дæр. Курорты бынат ма зæрдæмæдзæугæ у, бирæ историон цыртдзæвæны дзы кæй ис, уымæй дæр.

Æдæппæтæй дзы ис федералон æмæ регионалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 47 культурон объекты. Юрий Трутневимæ аныхас кодта инвестортæй иу – Гуыриаты Владимир. Радзырдта йын фысымуæтты æмæ æндæр объекттæ аразыны тыххæй йæ фæндонтæ æмæ хъуыдытæ. Туристтæн уыдзысты пайда. Битарты Вячеслав бæрнон кусæгæн бузныг загъта, «Мамысоны» арæзтадмæ йæ цæст кæй дары, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania