филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:10 вторник, 30 апреля 2024
21 октября 2020, 12:06
Ахуыргæнæджы дæсныйад рагæй дæр у ахсджиаг æмæ бæрнон куыстыл нымад

Ахуыргæнæджы кад 34 азы Хадаты Светланæ хæссы сæрбæрзондæй

Ахуыргæнæджы дæсныйад рагæй дæр у ахсджиаг æмæ бæрнон куыстыл нымад. Сабийы сомбон ахуырадæй аразгæ у. Сывæллæттæ рæвдауæндоны æмæ скъолайы цы зонындзинæдтæ райсынц, уыдонæй раст спайда кæнгæйæ фидæны ныфсджындæр æмæ фидардæр къахдзæфтæ фæкæнынц царды асинтыл. Уыцы хъуыдыимæ разы у, йæ царды 34 азы йе рвылбоны фæндаг иу кæмæн у, хæдзарæй скъоламæ, йæ уарзон ахурдзаутæм, уыцы Хадаты Светланæ. Кусы Дигорайы дыккæгæм скъолайы, йæ урокты  немыцаг æвзаг базонын зын нæу.  Уый федта Сосранты Жаннæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Адæймаг цардмæ куы фæзыны, уæд йæ ныхыл фыст вæййы йæ дарддæры хъысмæт. Дигорайы дыккæгæм скъолайæ рацыди, æхсæнадæн пайдайаг чи у, ахæм бирæ адæм. Йæ ахуыргæнджытæ  та фыццæгтæ свæййынц  алы хуызы æмвæзады конкурсты.  Се хсæн  Хадаты Еркины чызг Светланæ. Уый йæ сабибонтæй бауарзта ахуыргæнæджы дæсныйад. Куыд зæгъы, афтæмæй никуы фæфæсмон кодта йæ равзæрст дæсныйадыл.  

Уыдон рæсугъд ныхæстæ  не сты, фæлæ Хадаты Светланæ царды бынат кæмæн ссардта, ахæм хъуыддæгтæ. Светæ йæхæдæг дæр каст фæци  Дигорайы дыккæгæм скъола.  Æмæ йæ бæллиц уыд ардæм кусынмæ æрыздæхын, сабитæн зонд амонынымæ.

Ныр та Светланæ, уыцы хъуыдытыл сагъæс кæнгæйæ, кусы йæхæдæг дæр сывæллæттимæ.  Архайы сабитæм æрмæг зæрдæхъæлдзæгæй хæццæ кæныныл..

Æвæццæгæн  34 азмæ цы бирæ фæлтæртæн бацамыдта Еркини чызг Светланæ æрмæст йæ предметты сусæгдзинæдтæ нæ, фæлæ ма царды пайдайаг хъуыддæгтæ,  уыдон та дзæвгар сты. Йæ ныры скъоладзаутимæ  адзургæйæ та, Светланæйы кой кодтой  сæ цæстытæ уарзондзинадæй дзаг уæвгæйæ.

Сывæллæттæ разы куы уой – уымæй хуыздæр хорз та ма цы хъæуы, йæ уыды рæсугъд æмæ сыгъдæг миниуджытæ сывæллæттыл чи парахат кæны, уыцы адæймаджы. Уæдæ  коллективы дæр нымад æмæ фæзминаг уæвын æнцон нæу. Светланæйæн та уый дæр æнтысы. Æрмæст йæ уæздан рацыд æмæ фæлмæн  мидбылхудт дæр бирæтæн у дæнцæгæн хæссинаг.

Хадаты Светланæ йæ дæсныйад æгæрон уарзтæй уарзы, æмæ архайы ахуырады ногдзинæдтимæ æмдзу кæныныл. Адæймаг йæ куысты æрвиты йæ царды фылдæр хай, æмæ  алы райсом дæр зæрдæрухсæй куы цæуай дæ уарзон æмкусджыты хсæнмæ, уæд куыст дæр баркадджын вæййы, уæлдайдæр та  сывæллæттимæ архайгæйæ.

Хорз хъуыдытæй йæ  бон райдайын чи сфæнд кæна, уый ничи  бахъыгдардзæн.   Бирæ хæрзиуджыты хицау Хадаты Светланæ, цард искæйы ныхæстæй нæ зоны.  Йæ царды сæйраг нысан та алкæддæр уыд иу – зындзинад макæмæн скæн, дæ хорздзинадæй та адæмы фæхайджын кæн. Ахæм уыды хицауæн æнæ ахуыргæнæг уæвæн дæр нæ уыд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania