Ууыл ныхас цыд нæ республикæйы хицауады æмбырды
Дзæуджыхъæумæ ссæудзæн ретро-поезд «Уæлахиз». Ууыл ныхас цыд нæ республикæйы хицауады æмбырды. Цæугæ музей баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы бонимæ, æмæ Цæгат Ирыстонмæ ссæудзæн 11-æм ноябры. Дыууæ боны республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн фадат уыдзæн хæстон азты рæстæгмæ аздæхынæн. Тематикон поезды маршрут арæзт у дыууæ хайæ. Фыццаг æрзилдзæн фронты фæндагыл, æмæ бабæрæг кæндзæн, хъæбатыры æмæ хæстон намысы ном чи хæссы, æппæт уыцы 13 горæтыл. Уый фæстæ та абалц кæндзæн Транссыбираг фæндагыл Владивостокы онг. Поезд æрлæудзæн стыр горæтты æмæ чысыл хъæуты. Вице-премьер Азымты Иринæ се ппæты ргом аздæхта, фæлхасадмæ цæстдарды Управленийы амынддзинæдтæ æххæст кæнын куыд ахсджиаг у, уымæ. «Уæлахизы поезд» бæрæг кæнгæйæ дæр æнæмæнг хъæуы æппæт санитарон домæнтæ æххæст кæнын.