филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:17 суббота, 28 сентября 2024
30 октября 2020, 12:17
Битарты Вячеславæн фембæлд регионалон-æхсæнадон организаци «Русь»-ы сæрдар

Республикæйы сæргълæууæг бузныг загъта, организаци нациты хсæн хæлар ахастдзинæдтæ тыуыныл кæй архайынц, уый тыххæй

Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыди Цæгат Ирыстоны регионалон-æхсæнадон организаци «Русь»-ы сæрдар Владимир Писаренкоимæ. Республикæйы сæргълæууæг бузныг загъта, организаци нациты хсæн хæлар ахастдзинæдтæ тыуыныл кæй архайынц, уый тыххæй. Йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй абон уæлдай ахсджиаг у кæрæдзийы хсæн æмзондæй цæрын. Интернационалон хъомылады ахадгæ хай хауы национ-культурон æхсæнадтæм. Æхсæнадон организаци æмгуыстад кæны паддзахадон хицаудзинады огрæнтимæ. Хъуамæ ахæм куыст цæуа дарддæр. Владимир Писаренко та Битарты Вячеславæн фехъусын кодта йæ бæрны цы æхсæнад ис уый райрæзты пъланты тыххæй. Национ культурон æхсæнад «Русь» хъахъхъæны Цæгат Ирыстоны 147 мин уырыссаг адæймаджы бартæ. Пандемийæйы рæстæг æхсæнад архайдта Æппæтуæрæсеон акци «Мы вместе»-йы. Кодта активон хæрзаудæн æмæ волонтерон архайд. Абон дæр сæ размæ ис бирæ хæстæ æмæ нысантæ æвæрд, фæнд кæнынц федералон æмвæзадмæ рахизын. Ацы хъуыддаджы æмæ нæ  зæрдæ дарæм  республикæйы разамынды æххуысыл, – йæ раныхасы загъта Владимир Писаренко. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ национ-культурон иугонд активонæй архайы республикæйы социалон-экономикон царды.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania