филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
03 ноября 2020, 11:56
Мæздæджы районы фæфылдæр æхсæнадон транспорты цæуыны аргъ

Ныр горæты хсæн маршруты цæугæйæ бафидын хъæудзæн 18 сомы.

1-æм ноябрæй фæстæмæ Мæздæджы районы фæфылдæр æхсæнадон транспорты цæуыны аргъ. Маршрутон такситы 15-æй – 20 сомы онг кæй фæфылдæр фæндаггаг, уыцы хъусынгæнинаг куы апарахат, уæд адæм стыхстысты. Сæ хъаст хастой алы бæрнон куыстуæттæм, стæй йæ парахат кодтой социалон хызты. Уæд фарста алыг кæныныл кусын райдыдта районы æмæ республикæйы хицауад. Муниципалитеты сæргълæууæджы хъæппæрисæй арæзт æрцыдысты цалдæр фембæлды, къабазы кусджытимæ æмæ шофыртимæ. Сæ хъуыдытæ загътой Цæгат Ирыстоны хицауады уæнгтæ æмæ промышленносты æмæ транспорты министрады специалисттæ. Уыцы фембæлдтыты хатдзæгтæм гæсгæ æрцыдысты иу хъуыдымæ – æхсæнадон транспорты цæуыны аргъ æнæфæфылдæргæнæн нæй, æрмæст йæ аргъ аивта. Афтæмæй 1-æм ноябрæй фæстæмæ Мæздæджы районы  фæндаггаджы аргъ 30 проценты бæсты фæфылдæр 20 проценты онг. Ныр горæты хсæн маршруты цæугæйæ бафидын хъæудзæн 18 сомы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania