филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:47 воскресенье, 01 февраля 2026
05 ноября 2020, 12:59
Компани «Заря Осетии» аразы рухсгæнæнтæ æмæ пайда кæны нырыккондæр технологитæй

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Ковиды ныхмæ дæр аразынц сæрмагонд кусæнгæрзтæ.

Ирыстоны сæуæхсид рухс кæны алфамбылай бæстыхæйттæ, æмæ ма суанг кæмæндæр та йæ царды фæндаг. Компани аразы рухсгæнæнтæ æмæ пайда кæны нырыккондæр технологитæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Ковиды ныхмæ дæр аразынц сæрмагонд кусæнгæрзтæ. Сæрмагонд цех байгом æрæджы, уыимæ дзы фæзынд куысты бынæттæ дæр. Куыд цæттæ кæнынц кусджыты, уый тыххæй радзурдзæн Гаглойты Светланæ.

Налцыччы сæйраг уынг рухс кæны «Æрыдон»-æй, Кæсæг-Балхъары федералон фæндаг та- «Алагир»-æй. Ахæм нæмттæ рухсгæнæн фæрæзтæн радта сæ аразæг куыстуат. Дыууæ азмæ « Заря Осетии» электрон техникæйы базарады  йæ хорзы кой айхъуысын кодта, сси нымад. Йæ рухсгæнæнты руаджы изæрдалынгты раирд вæййынц канд нæ республикæйы уынгтæ æмæ бæстыхæйтты рудзгуытæ нæ. Йæ цырагъдарты тых æххæссы æппæт Уæрæсейыл дæр. Хæрзæрæджы куыстуат фæуæрæхдæр. Фæзынд дзы алыхуызон цырагъдæттæг лампæтæ æмбырдгæнæн цех. Ныридæгæн уыдон сты 2000 хуызы.

Заводы куысты уавæртæ кæй фæуæрæхдæр сты, уымæ гæсгæ сæм фæзынд ног куысты бынæттæ дæр. Ныридæгæн уыцы хъуыддаг у уæлдай æхсызгондæр. Æрæджы кусынмæ  райстой 15 адæймаджы. Се хсæн Томайты Лев дæр. Ныр æртыккаг къуыри зонгæ кæны йæ ног дæсныйады сусæгдзинæдтимæ.

Заводы ма лæмбынæг цæст дарынц ног кусджыты ахуыр кæнынмæ дæр.

Цæмæй пандемийæйы рæстæг завод йæ куыстæй ма рлæууа, уый тыххæй, фыццæгтæй иу уæвгæйæ, райстой бактериты ныхмæ тох кæныны æххуысгæнæн фæрæзтæ  аразынæн бардæттæг сертификат. Завод «Заря Осетии»-йы бындурыл аразын райдыдтой рециркулятортæ. Парахат сæ кæнынц æппæт республикæйыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania