филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:18 суббота, 28 сентября 2024
05 ноября 2020, 13:18
Цæгат Ирыстоны йæ куыст райдыдта регионалон чемпионат профессоналон дæсныйадæй «Абилимпикс-2020»

Турниры архайынц 87 адæймаджы

Цæгат Ирыстоны йæ куыст райдыдта 4-æм регионалон чемпионат профессоналон дæсныйадæй «Абилимпикс-2020». Уый рæзгæ фæлтæрæн фадат дæтты фидæны дæсныйад равзарынæн. Турниры архайынц 87 адæймаджы. Уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты абон. Бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ. 

Уæлибæх, цæхæраджын, къабускаджын, хъæдурджын æмæ фыдджын. Конкурсанттæ кусынц ирон традицион чъиритæ кæныныл. Æппæт хæслæвæрдтæн радих кодтой 4 сахаты æмæ рдæг. Уыцы мгъуыд фæуыны фæстæ сæ хъæуы бæрнон экспертты размæ рахæссын. Уыдон бæстон кæсынц процессы алы къæпхæнмæ дæр. Ам ахсджиаг у алцыдæр – райдай уæлдæфы температурæйæ, чъирийы уæзæй, йе ддаг бакастæй, куыд дзаджджын  æмæ хæрзад у, уымæй фæуы. Аргъгæнджытæй иу у Салæгаты Сильвия. Йæхæдæг дæр бирæ хæттыты уыди ирон чъиритæ фыцыны конкурсты архайæг. Уыимæ – æппæтадæмонты дæр. Арæх-иу сси уæлахиздзау.

Хыссæйы 400 граммы йæ гах та 600 граммы. Уый у, сызгъæрин стандарт кæй хонынц, ахæм фæтк. Æмæ йæ æххæст кæнынц конкурсы æппæт архайджытæ. Сты 6 адæймаджы алы ахуыргæнæндæттæй Дзæуджыхъæуæй, Цыколайæ, Мæздæгæй æмæ Елхотæй. Уæдæ лæппутæ дæр фæстейы нæ лæууынц. Хæринаггæнæджы æмæ адджинæгтæ кæныны конкурсы Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы 4-æм курсы студент Дзæгъойты Станислав «Абилимпиксы» бирæ хæттыты фæуæлахиз. Ныр та, зæгъы, ерысхъомдзинад рæзы. Ахуыр кæнынæй дарддæр ма æрыгон лæппу кусы нæ республикæйы хуыздæр ресторантæй иуы. Фæлæ, уый нæ хынцгæйæ, конкурсы хæслæвæрдтæ цыбыр æмгъуыдмæ сæххæст кæнын æнцон хъуыддаг нæ уыди.

Уæвгæ, ацы хатт архайджыты нымæц дæр фылдæр у. 3 азмæ сæ нымæц сырæзт 2 хатты, æмæ ацы аз систы 90 адæймаджы. Уæдæ фæфылдæр компетенциты нымæц дæр – 13-ы онг. Стæй ма дзы фæзынд ног хуыз дæр.

«Абилимпикс» йæ курдиат раргом кæнынæн фадат дæтты алы кары адæмæн, стæй йе нæниздзинад цудыд кæмæн у, уыдонæн дæр. Конкурсы архайыны бон у 65 азы онг адæмæн. Фыццаг бынат чи бацахса, уый хорзæхгонд æрцæудзæн 10 мин сомæй, 2 бынатæн – æмбæлы 5 мин сомы, 3 бынатæн та – 3. Уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты абон. Райсом та сын кæндзысты кад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania