филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
06 ноября 2020, 11:26
Дзæуджыхъæуы планетарийы цур арæзт цæуы лунодром

Дард планетæтæ фæхæстæгдæр кæныныл ныр бирæ азты кусы конструктор Къомайты Руслан

Дард планетæтæ… Ныр сæ бирæ азты дæргъы хæстæгдæр кæны конструктор Къомайты Руслан. Арвы мæйы уæлцъарыл цæуæг пульты цур сбадын æмæ  космосы тых банкъарын. Ахæм хъуыдыимæ Дзæуджыхъæуы планетарийы цур арæзт цæуы сæрмагонд бынат – лунодром. Ахуыр дзы кæндзысты уæларвы мæйы уæлцъарыл цæуыныл. Куыд ис сывæллоны бæллиц сæххæст кæнын сæрмагонд аппараты руаджы, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Дард планетæтæ фæхæстæгдæр кæныныл ныр бирæ азты кусы конструктор Къомайты Руслан. Арвы мæйыл цæуæг аппарат саразыныл  архайдта, Лавочкины номыл наукон иугонды  генералон директоры хæдивæг куы уыд, уæд дæр. Ныр та Дзæуджыхъæуы космонавтикæйы скъолайы.  Афтæ нæ горæты центры тагъд  фæзындзæн цымыдисаг аппарат.

Планетæтыл цæуæг фыццаг аппараты конструктор дæр уыд не мзæххон Александр Кемурджиан. Ныр Къомайты Руслан архайы, цæмæй уый æрхъуыды дарддæр ахæццæ кæна æмæ мæйы уæлцъарыл чи цæудзæн, ахæм ног аппарат сараза. Спайда кæндзæн фыццаг конструкцийы хæйттæй – зæгъæм йæ цалхæй. Цымыдисаг æрхъуыды кæм фæлвардзысты ахæм фæзуат та арæзт цæуы планетарийы чъылдыммæ

Арвы мæйы уæлцъарыл цæуæг аппарат сифтонг кæндзысты камерæтæй, уыдон ист кадыртæ  хæццæ кæндзысты пультмæ. Сывæллон ахæм пульты цур йæхи æнкъардзæн уæларвон тыгъдады, цыма æцæгæй дæр космосы сусæгдзинæдтæ иртасы афтæ.

Арвы мæйы уæлцъарыл цæуæг аппарат сцæттæ уыдзæн 2021-æм азы райдианы. Йæ авторы хъуыдымæ гæсгæ уый сывæллæтæн фадат ратдзæн, цæмæй фæхæстæгдæр уой дард уæларвон стъалытæм. Афтæмæй тырндзысты сæ  бæллицмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania