филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 суббота, 28 сентября 2024
10 ноября 2020, 12:09
Таймазты Артур сбæрæг кодта Ногиры дондзæуæнты рацарæзты куыст

Хъæуы сæргълæууæг, фракци «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнг æркаст объекттæм

Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур сбæрæг кодта Ногиры дондзæуæнты рацарæзты куыст. Хъæуы сæргълæууæг, фракци «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнг æркаст объекттæм. Доны фарста рагæй тыхсын кæны ногирæгты. Йæ алыг кæныны тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ фæсидтысты бæрнон адæммæ. Хæтæлтæн се 80% сты пырхытæ. Ныр рацæрæзт къухы бафтыд депутатты архайды фæрцы. Федералон программæ «хъæуккаг территориты рæзт»-ы архайгæйæ ныр Джызæлы, Уæллаг æмæ Дæллаг Санибайы, стæй Хъæдгæроны цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Афæдзы кæронмæ нысан кæнынц æппæт объектты фæуын. Куыстытæн сæ иумæйаг аргъ у 760 милуан соммæ хæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania