филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:10 суббота, 28 сентября 2024
10 ноября 2020, 12:13
Фæлхасадмæ цæстдарды Управленийы специалисттæ аразынц рейдтæ, æмæ адæмимæ кæнынц профилактикон ныхас

Транспорты министрады, фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы æмæ мидхъуыддæгты управленийы кусджытимæ бæрæг кодтой маршрутон такситæ æмæ æхсæнадон транспорты æрлæууæн бынæттæ

Нæ республикæйы эпидемиологон уавæр, раздæрау, у карз. Уымæ гæсгæ, адæм санитарон домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уымæ цæуы бæстон цæстдард. Фæлхасадмæ цæстдарды Управленийы специалисттæ аразынц рейдтæ, æмæ адæмимæ кæнынц профилактикон ныхас. Ацы хатт транспорты министрады, фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы æмæ мидхъуыддæгты управленийы кусджытимæ бæрæг кодтой маршрутон такситæ æмæ æхсæнадон транспорты æрлæууæн бынæттæ. Уæвгæ, ахæм рейдтæ арæзт цæуынц апрелæй фæстæмæ. Стыр æргом здахынц, адæм фылдæр кæм æмбырд кæнынц, уыцы бынæттæм æмæ æхсæнадон транспортмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр хæттыты домæнтæ не ххæст кæнынц бæлццæттæ. Маскæтæ сæм вæййы, фæлæ сæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ не скæнынц. Шофыртæн сæ бон у ахæм бæлццæтты машинæйы салонмæ не рбауадзын. Бирæтæ профилактикон рейдтимæ не сразы вæййынц. Арæх бæрнон кусджытæ райсынц уайдзæфтæ дæр. Уымæ гæсгæ æрæджы рейдтæм райдыдтой участоктыл кусæг пъæлицæйæгты дæр хонын. Республикæйы цы æдасдзинады домæнтæ ныффидар кодтой, уыдон хъæуы æххæст кæнын. Уый домы эпидемиологон уавæр. Фыццаг хаттæн фæткхалджытыл саразынц протокол. Дыккаг хаттæн та æфхæрд æййафдзысты административон æгъдауæй. Ныртæккæ уавæр хуыздæрырдæм ивын райдыдта. Рейды бон маршрутон таксийы 9 бæлццонæй æрмæст дыууæйæ разындысты æнæ маскæйæ. Уыимæ салон хъуамæ йæ тæккæ дзаг ма уа. Уыцы фæтк дæр арæх хæлд æрцæуы. Ахæм рейдтæ арæзт цæудзысты дарддæр дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania