филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:55 вторник, 03 ноября 2026
11 ноября 2020, 13:02
Коронавирусæй рынчынты нымæц кæй рæзы, уымæ гæсгæ фылдæр ахадындзинад фæзынди туаггуыры станцæтæн

Битарты Вячеслав æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Годжысаты Тамерланæн æмæ рынчындæтты сæйраг дохтыртæн бабар кодта кусæнгæрзты архайдмæ бæстон цæстдарын

Коронавирусæй рынчынты нымæц кæй рæзы, уымæ гæсгæ фылдæр ахадындзинад фæзынди туаггуыры станцæтæн. Уыдон фадат дæттынц COVID-19-ы рæстæг хи хуыздæр æнкъарынæн, æмæ тагъддæр сдзæбæх кæнынæн. Битарты Вячеслав æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Годжысаты Тамерланæн æмæ рынчындæтты сæйраг дохтыртæн бабар кодта кусæнгæрзты архайдмæ бæстон цæстдарын. Куыд цæуы уыцы куыст, уый тыххæй радзурдзæн Томайты Батраз.

Республикæйы клиникон рынчындоны туаггуыры станцæ сифтонг кæнынц алы 24 сахаты. Газ сфаг вæййы иу суткæмæ. Станцæ лæггад кæны рынчындоны æппæт корпустæн. Уыдон та сты 740 палатæйы æмæ 60 реанимацийы.

Туаггуыры платформæтæ республикæйы клиникон æмæ тагъд æххуысы клиникон рынчындæтты фæзындысты ивгъуыд азы кæрон, коронавирус нæ бæстæйы куы нæма апарахат, уæд. Станцæтæ сæвæрдтой цыбыр æмгъуыдмæ. Сты корпустæм хæстæг конд, уымæн æмæ сын сæрмагонд цæттæгæнæн куыст нæ хъуыди, æмæ сæ сæвæрынæнй дæр къуылымпытæ нæ сæвзæрд.
Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны ис цалдæр туаггуыры станцæйы. Иу сæ у сæйрагдæр, дыууæ та уæлæмхасæн. Куы сæ фæифтонг кæнынц, уæд тæнгъадæй рауайы газ. Æрмæст уый фæстæ бахæццæ вæййы палатæтæм. Станцæйы æлхъывдадмæ бæстон цæстдарынц оператортæ.

Апрелæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны рынчындæттæм туаггуыр æрбаласынц Краснодары крайæ.

Медицинон туаггуырæй ифтонггæнæн системæ кусы æнæ цæлхдуртæй. Афтæ фехъусын кодтой специалисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania