филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:16 суббота, 28 сентября 2024
12 ноября 2020, 12:44
Мæздæджы администрацийы кадджын уавæры схорзæхджын кодтой бархион адæмон дружинæты уæнгты

Фæстаг азты уыцы æхсæнадон змæлды архайдæн ис стыр ахадындзинад

Мæздæджы администрацийы кадджын уавæры схорзæхджын кодтой бархион адæмон дружинæты уæнгты. Фæстаг азты уыцы æхсæнадон змæлды архайдæн ис стыр ахадындзинад. Йæ уæнгтæ пъæлицæимæ иумæ кусынц æхсæнадон æдасдзинад бахъахъхъæныныл. Дружинниктæн сæ фылдæр сты растзæрдæ, æнæзæрдæхудт адæм. Алкæмæндæр ис йæхи фидар граждайнаг цардахаст. Уымæй уæлдай зонынц адæмимæ дзурын æмæ бахъуаджы рæстæг быцæуы фарстатæ алыг кæнын. Адæмон дружинæйы рæнхъытæм арæхдæр цæуынц фæсивæды минæвæрттæ. Кæй хорзæхджын кодтой, уыдонæн сæ фыдæр уыдысты æрыгон адæм. Профессионалон бæрæгбоны агъоммæ грамотæтæ æмæ арфæйы фыстæджытæ горæты разамынды номæй саккаг кодтой пъæлицæйы кусджытæн дæр. Мидхъуыддæгты районы хайады алы дæлхайæдты кусджытæ æрвылбон сты адæмимæ, сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ тох кæнынц фыдракæндтимæ æмæ барадхæлдтытимæ. Бархион дружинæты æмæ пъæлицæйы æмгуыстад дарддæр уыдзæнис афтæ æнгом. Æмæ та тагъд рæстæг иумæ ацæудзысты æхсæнадон фæтк хъахъхъæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania