филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
17 ноября 2020, 14:16
Æдасдзинады домæнтæ, куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæныны тыххæй республикæйы сæргълæууæг бафыста сæрмагонд указ

Уымæ гæсгæ бæстондæр цæстдард хъуамæ цæуа æхсæнадон бынæттæм, социалон æмæ культурон объекттæм

Æдасдзинады домæнтæ, куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæныны тыххæй ивгъуыд къуырийы кæрон республикæйы сæргълæууæг бафыста сæрмагонд указ. Уымæ гæсгæ бæстондæр цæстдард хъуамæ цæуа æхсæнадон бынæттæм, социалон æмæ культурон объекттæм.

Цæгат Ирыстоны бонæй бон карздæр кæнынц æдасдзинадмæ домæнтæ. Республикæйы æрвылбон цæуынц, æхсæнадон транспорты санитарон домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уый домæнтæ. Адæм ацы мадзæлттыл цалдæр мæймæ сахуыр сты. Мидхъуыддæгты оргæнтæ Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды минæвæрттимæ бæрæг кæнынц, адæм сæхи низæй куыд хъахъхъæнынц, уый. Маскæтæ, æрмкъухтæ æмæ антисептиктæ ныртæккæ ис ссарæн алы маршруткæйы шофырмæ дæр.

Специалисттæ сидынц æрмæст шофыртæм нæ, фæлæ бæлццæттæм дæр. Маскæйы фæрцы низ къаддæр парахат кæны. Рейдтæ аразынц бон дыууæ хатты – райсомæй æмæ изæрæй

Майрæмбоны Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав бафыста, хæрæндæттæм, кинтоеаатртæм, æхсæнадон залтæм æмæ æндæр дзыллон мадзæлттæм цæуыны фæтк чи бæрæг кæны, ахæм указ. Зæгъæм, спортивон ерыстæ ис кæнæн æрмæстдæр физикон культурæйы министрады æмæ уæрæсейы фæлхасады цæстдарды управленийы амынддзинадмæ гæсгæ.

Ирон театрты та сфæлдыстадон куыст ис йæ тæмæны. Артисттæ аивадуарзджытæн цæттæ кæнынц æртæ премьерæйы. Ацы майрæмбон сфæлдыстадон къорд равдисдзæнис спектакль «Вечно живые». Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ, зал уыдзæнис дзаг æрмæстдæр æрдæгмæ.

Уырыссаг академион театры та спектакльтæ æвдисынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. Пандемия ивддзинæдтæ бахаста æрмæстдæр театрдзауты нымæцмæ.

Карз цæттæдзинады мадзæлттæ фæзындысты æхсæнадон хæрæндæтты куыстыл дæр. Ныртæккæ сын ис бар кусынæн райсомы æхсæз сахатæй изæры иуæндæс сахатмæ. Нæй дымæн кальян æмæ æндæр тамакодымæн фæрæзтæ. Музейтæ, ирхæфсæн мадзæлттæ æмæ сывæллæтты центртæм та ис цæуæн, кæд æмæ дзы уазджыты 50% фылдæр нæ уа, уæд. Скъолатæ, университеттæ æмæ колледжтæ кусынц раздæры фæткмæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania