филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:14 суббота, 28 сентября 2024
18 ноября 2020, 13:52
Сырх-Дыгуры хъæу хаст æрцыд Уæрæсейы рекордты чиныгмæ

Ам цæры 2 мин адæймаджы, æмæ уыдонæй 5 сты фысджыты Цæдисы уæнгтæ

Æрæфы районы Сырх-Дыгуры хъæу хаст æрцыд Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Ам цæры 2 мин адæймаджы, æмæ уыдонæй 5 сты фысджыты Цæдисы уæнгтæ. Скъодтаты Эльбрус, Хохойты Энвер, Хæмыцаты Цæрай, Къибирты Амырхан, Мамыхъуаты Хъазыбег. Нæ бæстæйы ахæм дыккаг фæтк нæма ис. Ам ма зæгъын хъæуы уый æмæ Рекордты чиныгмæ Æрæфы районæй дыккаг хъæу хаст цæуы. Фыццаг уыд хохаг хъæу Къæмунтæ – æппæтæй бæрзонддæр хъæуы, кæм ацыд «Æнæмæлгæ пъолк». Сырх- Дыгурæн та сæрмагонд сертификат ратдзысты фидæны аз, хъæу йæ 90 азы куы бæрæг кæна, уæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania