филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:10 суббота, 28 сентября 2024
20 ноября 2020, 13:30
Фыццаг миты тъыфылтæ зæххыл андзæвыдысты хæхбæсты

Зымæг æрбахæццæ кæны Дзæуджыхъæумæ дæр

Зымæг йæ бартæ йæхимæ исын райдыта. Фыццаг миты тъыфылтæ зæххыл андзæвыдысты хæхбæсты. Зæгъæн ис, æмæ Дыгургом æмæ Уæлладжыры ком райста уацары. Уый фенæн ис социалон хызæгты дæр. Зымæг æрбахæццæ кæны Дзæуджыхъæумæ дæр. Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ хæстæгдæр 3 боны уыдзæн асæст, мит уардзæн донæмхæццæ. Фæлæ уайтагъд тайдзæн, уымæн æмæ нырмæ уæлдæфы температурæ у хъарммæ хæстæгдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania