филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
25 ноября 2020, 14:11
Социалон фарстатæ фыццаградон уыдысты Цæгат Ирыстоны хицауады радон æмбырды

Хицауады уæнгтæ æрныхас кодтой, сидзæр сывæллæттæн æмæ æнæ ныййарджыты æвджид чи хъомыл кæны, уыдонæн цæрæнуæттæ дæттыныл

Социалон фарстатæ фыццаградон уыдысты Цæгат Ирыстоны хицауады радон æмбырды дæр. Хицауады уæнгтæ æрныхас кодтой, сидзæр сывæллæттæн æмæ æнæ ныййарджыты æвджид чи хъомыл кæны, уыдонæн цæрæнуæттæ дæттыныл. Хъуамæ сæ алкæмæндæр цæрæнуат лæвæрд цæуа, æнахъом кæм хъомыл кодта, уыцы сидзæр сывæллæтты хæдзары районы. Бæстыхайы фæзуат та нымад хъуамæ цæуа социалон æххуырсты бадзырдмæ гæсгæ. Уæвгæ цæрæнуат раттæн ис иннæ районы дæр, æрмæст сидзæрты хæдзарæй рауагъдонæй разыйы дзуапп райсгæйæ.
Фæллойы æмæ социалон рæзты министрад алы категориты адæмæн сбæрæг кодта ацы азы æртыккаг кварталæн цæрынæн æппын къаддæры бæрц. Рæстæмбисæй сты – 9 956 сомы. Фæллойгæнæг адæмæн йæ бæрц у 10 494 сомы, пенсиисджытæн – 7 973, сывæллæттæн та – 10 402 сомы.
Хицауады æмбырды ма ныхас цыд туристон къабазы райрæзтыл дæр. Хаст æрцыд уынаффæ – сæрмагонд программæйы мгъуыд фæдæргъвæтиндæр кæныны тыххæй. Афтæмæй туризмы рæзты программæ кусдзæн 2024-æм азы онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania