филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:32 воскресенье, 01 февраля 2026
01 декабря 2020, 12:44
Беслæны 6-æм скъолайы ахуырдзаутæ сæ зонындзинæдтæ бафæлвæрдтой æппæтуæрæсеон флешмобы Mathcat

Фæлтæрæнтæ уыдысты скъолайы программæйæ зындæр.

Беслæны 6-æм скъолайы ахуырдзаутæ сæ зонындзинæдтæ бафæлвæрдтой æппæтуæрæсеон флешмобы Mathcat. Фæлтæрæнтæ уыдысты скъолайы программæйæ зындæр. Уымæ гæсгæ сын сæ сæххæст кæнынæн дæр рæстæг радтой фылдæр – сахат æмæ рдæг. Бæлвырд наукæтæ чи уарзы, уыдонæн бацæттæ кодтой 4 категорийы тестытæ. Фыццаг къæпхæн æнцонтæй сæххæст кодтаиккой кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ, дыккаг – сæрмагондæй сывæллæтты олимпиадæты архайджытæн, æртыккаг категори хауы хистæр кълæсты ахуырдзаутæн, цыппæрæм та арæзт уыд уæлдæр ахуыргæнæндæтты минæвæрттæн. Хæслæвæрдты зындзинад алкæмæн дæр йæ бон уыд равзарæн йæхицæн. Æппæтуæрæсеон флешмобы архайдтой астæуккаг æмæ хистæр кълæсты ахуырдзаутæ. Ацы аз Беслæны скъолайы сæ нымæц разынд 50-йæ фылдæр. Флешмоб арæзт æрцыд Уæрæсейы дæсгай регионты, хæдбар паддзахадты æмхæларады æмæ хæстæг фæсарæйнаг бæстæты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania