филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
02 декабря 2020, 12:23
Ног аз цас хæстæгдæр кæны, уыйыс тæссагдæр у заз æмæ нæзы бæлæстæн

Арæх хъæддæ ныддзæгъдынц æнæрхъуыды æмæ æнæ закъонæй

Ног аз цас хæстæгдæр кæны, уыйыс тæссагдæр у заз æмæ нæзы бæлæстæн. Арæх хъæддæ ныддзæгъдынц æнæрхъуыды æмæ æнæ закъонæй. Браконьертæ фылдæр хъуыды кæнынц, куыд тагъддæр æмæ æнцондæрæй бакусой, ууыл. Æрдз кæй хъыгдарынц, уый мæт та никæйы вæййы. Закъонмæ гæсгæ, ахæм хъуыддæгты тыххæй кæнынц ивар, кæнæ та, тæссаг у уголовон хъуыддагæй.

Æрдзы ацы бынæтты къахæвæрд стæм хатт вæййы. Знаггад дзы ракæнынц æрмæст браконьертæ. Ног азы бæрæгбæтты агъоммæ дæр та активон сты. Фæлæ хъæды фидауц цæуы хъахъхъæд. Зассеты Омар у Горæтгæрон районы хъæдгæс. Ныр цыппар азы хъахъхъæны заз бæлæстæ. Куыд зæгъы, афтæмæй ам закъонхалджытæ цалдæр азы дæр нал федта. Æмæ йæм уый диссаг нæ кæсы. Бæрæгбæтты размæ фæзуæттæ хъахъхъæнынц мобилон къордтæ.

Ацы бæлæстыл цæуы 40 азæй фылдæр. Хъæуы сæм сезонмæ гæсгæ зилын. Уæлдай тынгдæр та уалдзæджы æмæ фæззæджы. Ис дзы нæзы бæлæсты бирæ хуызтæ.

Æнæ бардæттæг документтæй, хи барæй нæзы бæлæстæ чи кала, уыдон æфхæрд цæудзысты закъонмæ гæсгæ. Ивар фиддзысты хъæды хæдзарады фондты пайдайæн.

Нæзы бæлæстæ калыны тыххæй ивар хæццæ кæны 3 сæдæ мин соммæ, ахæм æфхæрд æнхъæлмæ кæсы, юридикон бæрнондзинад кæуыл ис, ахæм адæммæ. Хъæды хæдзарадæн 5 мин сомæн зиан чи æрхæсса, уыдонмæ та уголовон хъуыддаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania