филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:11 суббота, 28 сентября 2024
03 декабря 2020, 13:20
Республикæйы райдыдой Ног азмæ цæттæ кæнын

1-æм декабры горæты фæзындысты фыццаг аив цырæгътæ

Республикæйы райдыдой Ног азмæ цæттæ кæнын. Бæлвырддæр та – аив кæнынц уæнгтæ. Дзæуджыхъæуы фæнд кæнынц Ног азы 20 фæзы байгом кæнын. 1-æм декабры горæты фæзындысты фыццаг аив цырæгътæ. Ног азмæ саив кæндзысты Сæрибары, Адæмы хæттыты хæлардзинады, Фонтанты, Хетæгкаты Къостайы номыл парчы фæзтæ. Стæй Кировы, Цæнгæт æмæ Пожарскийы уынджы хидтæ. Уымæй уæлдай аив цырæгътæй сæрттивдзысты горæты бирæ уынгтæ. Центрон парчы уыдзæнис бæрæгбоны сæйраг зонæ, Митын Дадайы ног хæдзаримæ. Уым уыдзæни хуызистытæн сæрмагонд бынат дæр. Ног азы бæрæгбæтты фæзтæ байгом кæныны тыххæй горæты администраци хъусын кæндзæни рагагъоммæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania