филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:15 суббота, 28 сентября 2024
03 декабря 2020, 13:46
Хохы Карцайы фæндагыл ныртæккæ цалцæг кæнынц, донивылдæй хъыгдард чи баййæфта, уыцы уаццаг

Бынæттон цæрджытæ сæ хъаст республикæйы Сæргълæууæгмæ куы бахастой, уæд фæндæгты хæдзарады Комитеты кусджытæ бавнæлдтой цалцæггæнæн куыстытæм

Гуысырайæ Хохы Карцамæ фæндагыл ныртæккæ цалцæг кæнынц, донивылдæй хъыгдард чи баййæфта, уыцы уаццаг. Бынæттон цæрджытæ сæ хъаст республикæйы Сæргълæууæгмæ куы бахастой, уæд фæндæгты хæдзарады Комитеты кусджытæ бавнæлдтой цалцæггæнæн куыстытæм. Специалисттæ æвæрынц æнцойгæнæн къул. Йæ бæрзæнд у 5 метры, йæ дæргъ та 260. Ног арæзтад фæндаг бахъахъхъæндзæн донивылдтытæй æмæ ламидæттæй. Куыстытæ райдыдтой сентябры. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Национ проекттæй дарддæр ма фæндæгты хæдзарады Комитет, стыр куыст кæны, республикон программæ хæххон фæндæгты цалцæгмæ гæсгæ дæр. Уæвгæ та фæндæгтæ нывыл кæныны хъуыддагмæ фæстаг рæстæг здахынц стыр æргом. Зæгъæн ис, æмæ Цæгат Ирыстон хаст æрцыд алы хъæумæ æмæ цæрæн бынатмæ дæр Уæрæсейы фидар фæндаг кæмæ цæуы, уыцы фондз регионы хыгъдмæ. Хохы Карцайы цæрджытæн-иу, донивылдтыты æмæ тæрккъæвдаты рæстæг сæ фæндагыл ацæуыны фадат нал уыд. Ныр уавæр ивын райдыдта. Алы стыр æмæ чысыл фæндаг дæр æнцонвадат кæны адæмы цард, сæ куыст, хорз фæндæгты фæрцы нæ республикæ кæны хъомысджындæр.

Автомобилон фæндаг «Гусыра — Хохы Карца»-йыл æнæххæстбарджын куыстуат «Аланспецстрой»-йы кусджытæ баивтой цæугæдон Карцадонæн йæ фæд, цæрджытæн æмæ туристтæн скодтой рæстæгмæ фæндаг. Бынæттон цæрджытæ Хохы Карцайы, хъыгагæн, бирæ нæй, чи дзы цæры, уыдон дарынц стурвос, фыстæ, мæргътæ. Ног фæндагæн бындур æвæрыны размæ, проектмæ гæсгæ, аразт æрцыд, ламидæттæй чи бахъахъхъæндзæн, ахæм фидар æфсæнбетон къул. Йæ бæрзæнд у 5 метры, йæ дæргъ та 260 метры. Фыццаджыдæр уал зæронд фæндаджы бынаты скъахтой арф æрх. Хæрзхъæд бетон сæрмагонд машинæтæй цæттæйæ ласынц Дзæуджыхъæуæй.

Прорабы ныхæстæм гæсгæ, куыстытæм бавнæлдтой октябры, æмæ ныридæгæн се 80 проценты конд æрцыдысты. Фидаргæнæн къулæй 200 метры бæрц у цæттæ, уыцы-иу рæстæг æй кусджытæ сæрдынц битумæй, уымæладæн фæразон цæмæй уа, уый тыххæй. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй бетоны куыст кæнæн ис, уæлдæфы температурæ 10 градусы уазалмæ куы рхауа, уæдмæ.

Раппæлинаг у сæ куыст се ппæт фæллойгæнджытæн дæр. Иууылдæр иумæ кæнынц стыр ахсджиаг хъуыддаг. Зын уавæрты ахæм уæззау куыст чи кæны, уыдонæн сæ хæрд дæр хъуамæ нывыл уа. 20 адæймагæн бон 3 хатты хъарм хойраг кæнын æнцон нæу, зæгъы хæринаггæнæг, бынæттон цæрæг Дзугаты Зæлинæ.
Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарады комитеты хайады специалист-эксперт Бæтаты Асланы ныхасмæ гæсгæ, республикæйы бюджетæй ацы куыстытæн радих кодтой 23 милуан сомы. Афæдзы кæронмæ объект кæй сцæттæ уыдзæн, уымæй аразджытæ ныфс æвæрынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania