филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:17 суббота, 28 сентября 2024
04 декабря 2020, 09:47
Нæ дуджы ахсджиагдæр дæсныйæдтæй иу у адæмы ирвæзын кæнын

Уый равзæрста нæ программæйы æрмæджы хъайтар Хъуылцыты Аслан.

Нæ дуджы ахсджиагдæр дæсныйæдтæй иу у адæмы ирвæзын кæнын. Уый равзæрста нæ программæйы æрмæджы хъайтар Хъуылцыты Аслан. У æнæнхъæлæджы уавæрты министрады æмгар. Асланы йе мкусджытæн арæх æрхæссынц дæнцæгæн. Æмæ хуымæтæджы нæ.

Хъуылцыты Аслан йæ дæсныйад равзæрста, æфсады рæнхъыты куы рлæууыди, уæд. 2012-æм азы бацыд Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнæн æфсæддон хайадмæ. Службæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыди, æмæ уый фæстæ сфæнд кодта дарддæр дæр адæмæн æххуыс кæнын. Профессионалон ирвæзынгæнджыты рæнхъыты æрлæууыды 5 азы размæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ссардта йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ дæсныйад. Уымæй дарддæр ма йын фадат дæтты йæхиуыл кусынæн дæр. Хъуылцыты Аслан хицæн кæны йæ хæлар зæрдæйы ахастæй æмæ куыстуарзондзинадæй, зæгъынц йе мкусджытæ. Ирвæзынгæнæн куыстыты рæстæг вæййы фыццæгтæй иу.

Уæвгæ адæмы ирвæзынгæнæн куыст домы куыд ныфсхаст уæвын, афтæ хорз спортивон цæттæдзинад дæр. Алы аз дæр Цæгат Ирыстоны командæ фæархайы Кавказы Кубок рамбулыны ерысты ирвæзынгæнджыты хсæн. Хъуылцыты Аслан вæййы фыццæгты хсæн. Уымæй дарддæр ма у спорты мастертæм кандидат.

Ацы аз Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадыл сæххæст 30 азы. Ныртæккæ зын бауырнæн у, раздæр æнæ ирвæзынгæнджыты æххуысæй адæм куыд уыдысты, уый. Æрдзон æмæ техногенон фыдбылызты рæстæг уæлдай ахсджиагдæр вæййы æххуысы къух. Кæй зæгъын æй хъæуы, афоныл æй бадарынц æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ. 30 азмæ ведомствойы цæгатирыстойнаг управленийы минæвæрттæ аирвæзын кодтой дæсгай мин адæймæгты цард.

Хъуылцыты Аслан у Æнæнхъæлæджы уавæрты Министрады æмгар. Æмæ уый дæр хуымæтæг хъуыддагыл нæ нымайы. Ныридæгæн ын бантыст Эльбрусы хохы цъупмæ схæццæ уæвын. Уæдæ йæ дæсныйады дæр тырны стыр бæрзæндтæм. Уый домы йæ службæ, æмæ йæ хистæр æмкусджытæ кæй ныффидар кодтой, уыцы традицитæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania