филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:56 вторник, 03 ноября 2026
08 декабря 2020, 12:15
Рахизфарсы районы фæзындзæн компьютерон томограф

Оперативон штабы радон æмбырды Рахизфарсы районы рынчындоны сæйраг дохтыр Æлбегаты Батраз республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн радзырдта, коронавирусы инфекцийы ныхмæ цы куыст кæнынц, уый тыххæй

Оперативон штабы радон æмбырды Рахизфарсы районы рынчындоны сæйраг дохтыр Æлбегаты Батраз республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн радзырдта, коронавирусы инфекцийы ныхмæ цы куыст кæнынц, уый тыххæй. Афтæ, афæдзы кæронмæ стационары хъуамæ фæзына компьютерон томографийы ног аппарат. Ныртæккæ йын цæттæ кæнынц бæстыхай, кæнынц дзы цалцæг æмæ æвæрынц инженерон кусæнгæрзтæ. Ацы куыстæн фæрæзтæ радих кодтой регионалон бюджетæй. Раздæр КТ аппарат сæвæрдтой æрыдоны районы рынчындоны. Рæхджы компьютерон томографи скæнæн уыдзæн Дзæуджыхъæуы 1-æм поликлиникæйы. Æмбырды ма видеоконференцийы хуызы архайдтой хицауады уæнгтæ стæй бæрнон структурæты минæвæрттæ. Оперативон штабы уæнгты хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ уавæрмæ цæуы бæстон цæстдард. Республикæйы стационартæ æмæ поликлиникæтæ пациенттимæ кусынц, куыд æмбæлы, афтæ. Битарты Вячеслав бабар кодта уавæрмæ алы бон дæр цæст дарын. Рынчынтæ хъуамæ медицинон кусджыты узæлд æнкъарой фæлладуадзæн бонты дæр. Стыр æргом ма аздæхтой, афæдзы кæронмæ эксплуатацийы раттынмæ кæй хъавынц, уыцы фельдшерон-акушерон пунктты цæттæдзинадмæ. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ ацы социалон объекттæй алкæцы дæр хъуамæ лæвæрд æрцæуа, афоныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, национ проект «Æнæниздзинадхъахъхъæнынады» регионалон проект æххæст кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны арæзт цæуынц 36 фельдшерон æмæ фельдшерон-акушерон пункты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania