Коронавирусыл чи фæтых, ахæм сæдæгай пациенттæ нæ фæллайынц дохтыртæн арфæйы ныхæстæ кæнынæй
Зын эпидемиологон уавæры стыр ахадындзинад ис дохтырты фæлтæрддзинадæн æмæ зæрдæхæлар ныхасæн. Коронавирусыл чи фæтых, ахæм сæдæгай пациенттæ нæ фæллайынц дохтыртæн арфæйы ныхæстæ кæнынæй. Алы бон дæр дохтыртæ, медицинон хотæ æмæ санитартæ æнгом æмæ стыр командæйæ архайгæйæ ирвæзын кæнынц рынчынты цард. Сырх зонæйы чи фæллой кæны, уыдоны тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Сæрмагонд костюм, маскæ, худ æмæ кæсæнцæстытæ. Сырх зонæйы кусынæн хъæуы хи бахъахъхъæныны уæлæдарæсы æххæст комплект. Фæлæ ма уымæй дарддæр зонын хъæуы цалдæр сусæгдзинады дæр. Бацамыдтой сæ, ацы низы ныхмæ алы бон чи тох кæны, уыцы дохтыртæ.
Медицинон кусджыты та ахæм куысты фæтк нæ уромы. Зæгъæм, Уырымты Аленæ ахуыр кæны медицинон академийы стоматологон факультеты, æмæ ныридæгæн ирвæзын кæны адæмы цард. Уый нæ, фæлæ ма исы, аргъ кæмæн нæй, ахæм фæлтæрддзинад.
Фыццæгæм инфекцион хайады ныртæккæ сæхи дзæбæх кæнынц 50 адæймаджы. Хайады сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй сæм пандемияйы мгъуыдмæ иунæг адæймаг дæр нæ амард. Коронавирус карз низ у, уымæ гæсгæ ахсджиаг у æппæт процедурæтæ дæр афоныл кæнын, стæй дисциплинæ æххæст кæнын.
Дохтыртæ, медицинон хотæ, санитартæ. Иуулыдæр кусынц æнгом бастæй. Алкæйы куыст дæр сæ у ахсджиаг. Хицæн бузныг – активон æмæ æдас ординатортæн.
Рамзан Муртазов у Цæцæны республикæйы минæвар. Ахуыр та кодта Смоленскы облæсты. Йæ ахуыр адарддæр кæнын та сфæнд кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы. Ам сси волонтер дæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йе вæрæн хæссы иумæйаг стыр хъуыддагмæ.
Сæ цæсгæмттыл маскæтæ кæй ис, уымæ гæсгæ сæ арæх сæ пациенттæ дæр нæ равзарынц. Фæлæ уый сæйрагдæр нæу, зæгъынц медиктæ. Се стырдæр амондыл нымайынц – кæй дзæбæх кæнынц, уыцы адæмы æнæниздзинад.




