филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:19 суббота, 28 сентября 2024
10 декабря 2020, 11:32
Хицауады Хæдзары Битарты Вячеславы разамындæй сарæзтой наркотикты ныхмæ республикон къамисы æмбырд

Бæлвырд дзы æрдзырдтой оперативон-профилактикон мадзал «МАК-2020»-ы бæрæггæнæнтыл

Хицауады Хæдзары Битарты Вячеславы разамындæй сарæзтой наркотикты ныхмæ республикон къамисы æмбырд. Бæлвырд дзы æрдзырдтой оперативон-профилактикон мадзал «МАК-2020»-ы бæрæггæнæнтыл. Наркотикты æнæзакъон зилдухмæ цæстдарды управленийы разамонæг Хынцæгты Нодар куыд радзырдта, афтæмæй акцийы рæстæг байстой, зианхæссæг хъацæн кæдæм хæццæ кæны, ахæм зайæгойты 46 килограммы. Республикæйы та сбæрæг кодтой æмæ скуынæг кодтой 87 егъау территорийы хъæддаг гæнимæ.

Ведомствойы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй управлени цы куыст бакодта, уый хорзырдæм фæзындис регионы уавæрыл. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, наркотикты ныхмæ архайдмæ хъæуы æмхиц кæнын фæсивæд дæр. Хъуамæ æрыгон фæлтæр æмбара уавæр, æмæ кæд исчи зоны наркотиктæ кæм уæй кæнынц, ахæм бынат, уæд хъуамæ æвæстиатæй фехъусын кæна бæрнон оргæнтæм. Ахсджиаг куыст уыцы къабазы кæны Цæгат Ирыстоны мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитет. Информацион фæрæзты фæрцы адæммæ хæццæ кæнынц наркотикты зианхæссæг миниуджыты тыххæй.

Битарты Вячеслав мыхуыры комитетмæ фæсидтис, цæмæй фæахадгæдæр кæной информацион-æмбарынгæнæн куыст дзыллон информацийы фæрæзты æмæ социалон хызты. Комитеты сæрдар Фидараты Юрий куыд радзырдта, афтæмæй ведомствæйы раз арæзт æрцыд экспертон къамис. Уый аргъ кæны наркотикты ныхмæ информацион æрмæджытæн. Æмбырды рæстæг дзырдтой афтекты æмæ медицинон наркоманийы профилактикæйы тыххæй. Æрмæст ацы аз ведомство сарæзта 5 контролон æлхæды. Уæд сбæрæг кодтой æртæ барадхæлды, афтекты разамонджытæ та дзуапп радтой административон уагæй.

Управленийы къухы бафтыд уымæй уæлдай æнæзакъонæй хостæ чи уæй кæны, ахæм 15 сайты архайд æрæхгæнын. Æмбырды кæрон наркотикты ныхмæ къамисы аппараты разамонæг Луизæ Лебедева радзырдта, йæ бæрны цы ведомство ис, уый куысты тыххæй æмæ фехъусын кодта сæ архайды нысанты тыххæй 2021-æм азмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania