филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:18 суббота, 28 сентября 2024
10 декабря 2020, 11:36
Джызæлы уынгтæй иуæн радтой Адеты æфсымæрты ном

5 æфсымæры ацыдысты фронтмæ, фæлæ сæ йæ фыдыуæзæгыл сæмбæлд æрмæстдæр иунæг Владимир

Джызæлы уынгтæй иуæн радтой Адеты æфсымæрты ном. 5 æфсымæры ацыдысты фронтмæ, фæлæ сæ йæ фыдыуæзæгыл сæмбæлд æрмæстдæр иунæг Владимир. Æртæйæ бацарæфтыдысты Краснодары крайы, Смоленскы облæсты æмæ Венгрийы тохты. Адеты Барис та ныридæгæн дæр нымад у æбæрæгæй сæфтыл. Хъæбатыр æфсымæрты ном хъæуы уынгтæй иуæн раттыны хъæппæрис разынд Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæн. Хорзыл æй банымадтой Джызæлы администрацийы дæр. Номарæн фæйнæг байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой хъæуы администрацийы сæргълæууæг, æвзонг æфсæддонтæ, Адеты æфсымæрты хæстæджытæ. Мадзал арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон проект «Хъæбатыры уынг» æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania