филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:19 суббота, 28 сентября 2024
10 декабря 2020, 11:37
Ирон чъиритæ хаст æрцыдысты хуыздæр брендты хыгъдмæ

Уæвгæ та архайдтой фыццаг национ конкурс «Вкусы России»-йы

Ирон чъиритæ хаст æрцыдысты хуыздæр брендты хыгъдмæ. Уæвгæ та архайдтой фыццаг национ конкурс «Вкусы России»-йы. Ирыстоны сæйраг национ хойраг се ппæты зæрдæмæ дæр фæцыд, æмæ конкурсы бацахста 3 бынат. Йæ разæй сты æрмæстдæр Карелийы балер кæсаг æмæ Хъырымы сæн. Æппæтуæрæсеон конкурсмæ нæ бæстæйы алы регионтæй сæ курдиæттæ балæвæрдтой 508 архайæджы. Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министрады куыд загътой, афтæмæй мадзал суыдзæн æрвылазон, æмæ дзы нæ республикæ кæддæриддæр æнæмæнг архайдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania