Фæхонынц ма йæ «Мыдадзын цырæгъты бæрæгбон»
Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц дзуттаг адæмыхатты сæйраг национ бæрæгбон «Ханука». Фæхонынц ма йæ «Мыдадзын цырæгъты бæрæгбон». Традицимæ гæсгæ, аст боны дæргъы адæм фæкувынц хуыцаумæ, сæ хæдзæртты фæсудзынц сæрмагонд мыдадзын цырагъ. Сæвæрынц сæ рудзгуытыл, афтæмæй рухсæй фæхайджын кæнынц фистæгæйцæуджыты. Ацы мадзалæй дзуттаг адæм бæрæг кæнынц диссæгтæ æххæстгæнæн амынддзинæдтæ. Бæрæгбоны фæдыл цæгатирыстойнаг дзуттаг культурон-рухсатауæн организаци «Шолом» скодта кадджын æмбырд. Сæ бæрæгбонмæ æрбахуыдтой нæ республикæйы национ-культурон æхсæнадты минæвæртты. Ныхас кодтой, Ирыстоны алы адæмы хæттыты национ бæрæгбæттæ куыд фæбæрæг кæнынц, ууыл. Афтæ Ханука дæр Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд хъæрмуд ахасдзинæдтимæ æмæ зæрдæбын арфæтимæ.