филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
16 декабря 2020, 12:02
Ног азы аргъауы фестæн ис Дзæуджыхъæуы

Ацы аз Цæгат Ирыстоны цæрджытæн ног аз æххæстæй банкъардзысты æндæр рæттæм нæ цæугæйæ

Ног азы аргъауы фестæн ис Дзæуджыхъæуы. Ацы аз Цæгат Ирыстоны цæрджытæн ног аз æххæстæй банкъардзысты æндæр рæттæм нæ цæугæйæ. Республикæйы сæйраг горæт æмæ районтæ аив кæнынц мæйы райдианæй фæстæмæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй цæрджытæн ацы хатт уыдзæни бирæ æхсызгон хъуыддæгтæ. Гирляндæты 6 мин колометры ныридæгæн рæвдауынц адæймаджы цæст. Цин кæнынц куыд сывæллæттæ, афтæ хистæртæ дæр. Ног азы агъомæ горæты уынгтыл йæ цæст ахаста Гæджиты Сослан.

Адæм цымыдисæй æнхъæлмæ кæсынц 2021-æм азы ралæудмæ. Алчидæр ног азимæ бæтты йæхи бæллицтæ, йæхи ныфсытæ æмæ зæрдæйы фæндтæ. Тырнынц æппæт зындзинæдтæ зæронд азы ныууадзынмæ. Бæрæгбоны зæрдæйы ахастыл æфтауы горæты уынгтæ ирд цырæгътæй кæй æрттивынц, уый дæр. Алыхуызон ахорæнтæй саив кодтой горæты уынгтæ. Алы районы дæр хицæн заз бæлас. Адæймаджы фæнды йæ цуры зæрдæйы æппæты ахсджиагдæр бæллиц зæгъын, æмæ æууæндын, кæй сæххæст уыдзæни, ууыл.

Дзæуджыхъæуы цæрджытæ цин кæнынц. Бынæттон цæрджытæн æхсызгон у горæты уынгтыл атезгъо кæнын, уæдæ уазджытæн цы равдисой, уый дæр сын ис.

Ацы аз ног азы диссæгтæ аразæг у Дзæуджыхъæуы администрацийы культурæйы управленийы хицау Мæрзойты Руслан. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй бацархайдта ног азы ирддæр мотивтæ сæххæст кæныныл, цæмæй адæмæн уа хъæлдзæг зæрдæйы ахаст. Уæлдайдæр та сывæллæттæн. Руслан адæмæн ног азы бæрæгбон саразыныл архайдта йæ 6 аздзыд чызг Маргоимæ. Уый фæрцы, йын бантыст аргъæутты бæстæйы йæхи банкъарын.

Мæрзойты Русланæн адæм кæнынц арфæтæ, ног азы фæлгонц кæй сарæзта, уый тыххæй.

3 сывæллоны мад Хъодзасты Натияйы хъуыдымæ гæсгæ рæсугъддзинад сабиты ахуыр кæны эстетикæйыл. Ацы аивдзинад уынын æхсызгон у хистæртæн дæр, уæлдай хатт фæскуыст ирд ахорæнтæй аивгонд уынгтыл рацæуын.

Ацы бонты æнæхъæн горæт у къамисæн зонæйы хуызы. Центрон парчы дæр ис бирæ æхсызгон хъуыддæгтæ. Адæм цæуынц, рæсугъд цырæгътæй чи сæрттывта, уыцы хид фенынмæ дæр. Администрацийы зæрдæ вæрынц, горæты цæрджытæм ма бирæ цымыдисаг цаутæ кæй æнхъæлмæ кæсы, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania