филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
16 декабря 2020, 12:18
Ковидæй сдæзбæх кæнын, низыл фæуæлахиз уæвыныл нымад нæу

Хъæуы, куыд æмбæлы, ахæм мадзæлттæй пайда кæнын, цæмæй раздæры цардыуагмæ раздæхай, уый тыххæй

Ковидæй сдæзбæх кæнын, низыл фæуæлахиз уæвыныл нымад нæу. Хъæуы, куыд æмбæлы, ахæм мадзæлттæй пайда кæнын, цæмæй раздæры цардыуагмæ раздæхай, уый тыххæй. Реабилитаци аразгæ у алкæмæн дæр йæхицæй. Фæлæ æмхуызон æууæлтæ дæр ис. Специалисттæ зæгъынц, æххæстæй хи сдзæбæх кæнын аразгæ у адæймаджы психологон химбарынадæй. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Раздæр кæд ацы фæлтæрæнтæ 10 хатты скæнын хъуыди, уæд сæ ныр та фæкæнынц 4 хатты. Джиоты Арсен тренерæй кусы Дзæуджыхъæуы егъау фитнес-клубтæй иуы. Уыимæ райдыдта хицæн къордимæ кусын «анти-ковид». Бацыдысты йæм, æрæджы коронавирусæй рынчын чи уыди, ахæм адæм. Æнцондæр кæнæн фæлтæрæнты æмæ хæслæвæрдты комплексы фæрцы, спортмæ тырнæг адæмæн сæ бон у раздæры цардыуагмæ раздæхын. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Арсен йæхæдæг дæр æрæджы уыдис ковидæй рынчын. Уымæ гæсгæ алы лыстæг хъуыддæгтæ дæр йæхæдæг хорз æмбæры. Куыд зæгъы, афтæмæй низы фæстæ адæймагмæ тых къаддæр вæййы, æмæ цас раздæр райдайай спортæй архайын, уыйас тагъддæр æрцæудзынæ дæхимæ.
Нырма уал тыхæфтауæг фæлтæрæнтæ кæнын раджы у. Тренировкæтæ райдайын хъæуы сабыргай. Æнæниздзинады уавæрмæ лæмбынæг кæсын домынц медицинон кусджытæ дæр.
Вирус арæх йæхи равдисы, адæймаг куы сдзæбæх вæййы, уæд дæр. Уæвгæ та алкæмæн дæр вæййы хицæн æууæлтæ. Фæлæ сæйрагдæр миниуæг – адæймаг тæф куы нал фембæры, уæд. Уымæн æмæ ковиды инфекци фæбæрæг вæййы нервыты сæйраг системæйыл. Уымæй дарддæр ма рынчын адæймагæн йæ зæрдæйы ахаст дæр хорз нæ вæййы, æнæ аххосагæй йæхи стæрсын кæны. Æмæ ам ахсджиаг у æмбарын – ацы хъуыддæгтæ рæстæгмæ кæй сты, уый.
Низы рæстæмбис æмæ уæззау хуызы фæстæ реабилитацийы рæстæг ма иуцасдæр адæймагæн йæхимæ рцæуын йæ бон нæ вæййы. Вæййы лæмæгъ, йæ улæфт уæззау, буары тæвд дæр иу бынаты нæ лæууы. Психологтæ зæгъынц, ахæм фæзындтыты ныхмæ дæр ис сæрмагонд мадзæлттæ, æмæ сæ хъæуы æххæст кæнын.
Фæлæ æппæт амындзинæдтæ æххæст кæнын куы нæ бантыса, уæд адæймагæн йæ бон уыдзæн фæлтæрдджын специалисты æххуыс бацагурын. Медицинон кусджытæ се ппæты зæрдыл лæууын кæнынц – кæд буары тæвд схызтис, æмæ низæй тæссаг миниуджытæ банкъардтай, уæд поликлиникæмæ цæуын нæ хъæуы, фæлæ дохтырмæ хæдзармæ бадзурын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania