филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:00 вторник, 03 ноября 2026
16 декабря 2020, 12:29
34 дохтыры номинаци «Участковый терапевт» æмæ «Педиатр» -ы архайынц Дзæуджыхъæуы цæрæнуат рамбулыны конкурсы

Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы фæндонмæ гæсгæ арæзт цæуынц ерыстæ Ирыстоны дохтырты хсæн

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны 34 дохтыры номинаци «Участковый терапевт» æмæ «Педиатр» -ы архайынц Дзæуджыхъæуы цæрæнуат рамбулыны конкурсы. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы фæндонмæ гæсгæ арæзт цæуынц ерыстæ Ирыстоны дохтырты хсæн. Конкурсы архайджытæ, ныридæгæн, рацыдысты дыууæ къæпхæны. Архайын дзы уыд алкæйы бон дæр. Æрмæстдæр йæ стаж 5 азæй къаддæр ма уа æмæ йæм уа «терапевт» , кæнæ «педиатр»- æй кусыны бардæттæг гæххæт. Фæбæрæг кæндзыстæм, конкурс «Цæгат Ирыстоны хуыздæр дохтыр» ацы аз арæзт цæуы фыццаг хатт. Йæ архайджытæ хъуамæ сæ фæлтæрддзинад равдисой ерысты фондз къæпхæнмæ гæсгæ. Ерысты уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты январы 2021 азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania