филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 суббота, 28 сентября 2024
22 декабря 2020, 11:44
Театр «Саби»-йы артисттæн бантыст зындгонд сомихаг аргъау рæсугъдæй æмæ хъæлдзæгæй равдисын

Бацæттæ кодтой радон премьерæ «Тайна Абрикосового дерева»

Иу ран баиу сты бæллицтæ æмæ уарзондзинад, стæй зыд æмæ кæрæф. Театр «Саби»-йы артисттæн бантыст зындгонд сомихаг аргъау рæсугъдæй æмæ хъæлдзæгæй равдисын. Бацæттæ кодтой радон премьерæ «Тайна Абрикосового дерева». Мæгуыр зæронд лæг Хачатуры бæллиц у йæ уарзон хъæбулы хъæбул Сатикæн æцæг дыргъдон ныссадзын. Сæ хъæуы та абрикосы бæлæстæ зайынц æрмæстдæр хъæздыг, фæлæ зыдгæнаг лæг Арэгмæ. Йæ фырт Рубик та йæ фыды хуызæн нæу. Уый хыгъд у хæларзæрдæ лæппу. Æмбары йæ, адæмимæ хæларæй цæрын кæй хъæуы, уый. Аргъауы сæйраг хъайтартæм хауы абрикосы бæлас дæр. Зоны дзурын. Аргъауы ма ис – мæнг ныхæстæгæнаг Осан. Æппæт хъуыддæгтæ базоны се ппæтæй фыццаг, æмæ сæ бахæццæ кæны адæммæ. «Тайна абрикосового дерева» – у дыккаг премьерæ. Нысан ма кæнынц цалдæр спектаклы сæвæрын. Уыимæ театры разамынд йæ зæрдæ дары, æртыккаг премьерæ ног цалцæггонд бæстыхайы кæй сæвæрдзысты, ууыл. Æппæт куыстытæ ныр кæронмæ фæхæццæ кæнынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania