филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 суббота, 28 сентября 2024
22 декабря 2020, 12:10
Ногиры цæрджытæ хуыздæр ныфсытимæ бакъахдзæф кæндзысты Ног азы къæсæрыл

Ацы аз нысанмæ арæзт республикон программæ «Хъæуты иумæйаг райрæзты» фæлгæты цалцæг кæнын райдыдтой доны хæтæлтæ

Ногиры цæрджытæ хуыздæр ныфсытимæ бакъахдзæф кæндзысты Ног азы къæсæрыл. Ацы аз нысанмæ арæзт республикон программæ «Хъæуты иумæйаг райрæзты» фæлгæты цалцæг кæнын райдыдтой доны хæтæлтæ. Куыстыты иу хай фесты, кæронмæ та хæтæлтæ ивд æрцæудзысты 2021-æм азы декабры онг. Уыимæ ма ам, Санта-Барбара цы район хонынц, уый цæрджыты тыхсын кæны транспорты фарста.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Варвара Амирова райгуырд Ногиры, Ногиры цæры абон дæр æмæ зæгъы доны фарста сæ рагæй кæй тыхсын кæны. Хæтæлтæй дон лæмæгъæй цæуы, кæнæ та цалдæргай боны сæм уæвгæ дæр нæ вæййы

Ногиры дондзæуæнты хызæгыл цæуы æнусæй фылдæр. Уыцы рæстæгмæ хæтæлтæ бамбыд сты æмæ арæх атонынц.

Ацы аз нысанмæ арæзт республикон программæ «Хъæуты иумæйаг райрæзты» фæлгæты сцалцæг кодтой доны хызæджы иу хай. Æмтгæй та нысан кæнынц 2021-æм азы декабрьмæ сæ кæронмæ фæуын. Куыстытæм йæ цæст дары прокурæтурæ дæр.

Ногиры хицæн хайы цæрджыты та ма тыхсын кæны транспорты фарста. Маршрутон таксийы 8-æм номыр Дзæуджыхъæуæй цæуы Ногирмæ, фæлæ адæмы, Санта-Барбара кæй хонынц, уыцы районмæ нæ хæццæ кæны.

Фарста ма фæкарздæр пандемийæйы аххосæй дæр. Бирæ шофыртæ сæ кармæ гæсгæ бадынц сæ хæдзæртты. Ныр промышленносты æмæ транспорты министрад кусы фарстайыл.

Транспорты фарстамæ дæр йæ цæст дардзæн прокуратурæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania