Схъæлæс ыл кодтой бынæттон хиуынаффæйады æмбырды депутатты фылдæр хай
Æрæфи районы ног сæргълæууæг сси Гуцъунаты Хъазыбег. Схъæлæс ыл кодтой бынæттон хиуынаффæйады æмбырды депутатты фылдæр хай. Раздæр ма куыд хъусын кодтам, афтæмæй, районы раздæры сæргълæууæг Хидирты Батраз нысангонд æрцыд æрдзон ресурсты æмæ экологийы министры хæстæ æххæстгæнæгæй, æмæ уымæй бынат суæгъд. Æмбæлгæ фæткæмæ гæсгæ арæзт æрцыд районы сæргълæууæг сæвзарыны процедурæ. Районы ног хицауæн раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Йæ зæрдæ йын загъта æнтыстджын куыст йæ ног бынаты. Фæбæрæг ма кодта Хидирты Батразы ахадгæ куыст Æрæфы районы сæргъы лæугæйæ, æма йын радта Кады гæххæтт. Битарты Вячеслав районмæ æрхаста йемæ хорз хабар. Афæдзмæ цы хъуддæгтæ конд æрцыди ам, уымæ гæсгæ муниципалон сконд, республикæйы иннæ районты хсæн бацахста фыццаг бынат. Рæхджы районыл сæмбæлдзæн йæ лæвар – дæс милуан сомы.