филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 суббота, 28 сентября 2024
23 декабря 2020, 12:49
Специалисттæ бæрæг кæнынц «Ног азы» армукъаты æнæ закъонæй къæрцгæнæнтæ кæм уæй кæнынц, уыцы бынæттæ

Уынджы чи уæй кæны, уыдоны бон сæ нæу раст хъахъхъæнын.

Æнæнхъæлæджы цауты министрады цæгатирыстойнаг хайады кусджытæ бæрæг кæнынц «Ног азы» армукъаты æнæ закъонæй къæрцгæнæн æмæ æндæр гуыпгæнæнтæ кæм уæй кæнынц, уыцы бынæттæ. Уынджы чи уæй кæны, уыдоны бон сæ нæу раст хъахъхъæнын. Тæссаг сын у мит æмæ хуры комкоммæ тынтæй. Цæстдарæн рейды уæнгтæ бæрæг кæнынц бардæттæг гæххæттытæ, сертификаттæ. Раиртæстой уал цалдæр закъонхæлды. Палаткæты уæй кæнынц, фыццæгæм къласмæ чи хауы, ахæм рог рæмудзæнтæ. Ахæм мадзæлттæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады уæнгтæ аразынц арæх, Ног азы агъоммæ æппæтæй зынаргъдæр у æдасдзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania