24 декабря 2020, 13:31
Æппæтадæмон аэропорт «Дзæуджыхъæуы» 2021-æм азы январы райдайдзысты ног терминал аразын
Уый тыххæй бафыстой бадзырд генералон подрядчик «Спектрум-Холдинг»-имæ
Æппæтадæмон аэропорт «Дзæуджыхъæуы» 2021-æм азы январы райдайдзысты ног терминал аразын. Уый тыххæй бафыстой бадзырд генералон подрядчик «Спектрум-Холдинг»-имæ. Компанимæ ис стыр фæлтæрддзинад проекттæ аразыны æмæ уæлдæфон-транспортон инфраструктурæ аразыны хъуыддаджы. Фæлæ, куыд генералон подрядчик, афтæ архайы фыццаг хатт. Дыууæуæладзыгон бæстыхайы фæзуат уыдзæн 5 мин квадратон метрæй фылдæр. Ног терминал фадат ратдзæн бæлццæтты нымæц афæдзмæ милуаны онг фæфылдæр кæнынæн. Арæзтад нысан кæнынц 2022-æм азы майы онг фæуын.