филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 суббота, 28 сентября 2024
24 декабря 2020, 13:35
Уæрæсейы фæллоймæ цæстдарды управлени бамбарын кодта, æртын фыццæгæм декабрь фæлладуадзæн боныл банымайыны фæтк

Ведомствæйы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй куыстдæтджытæн ис бар уыцы бон фæлладуадзæныл банымайын,

Уæрæсейы фæллоймæ цæстдарды управлени бамбарын кодта, æртын фыццæгæм декабрь фæлладуадзæн боныл банымайыны фæтк. Ведомствæйы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй куыстдæтджытæн ис бар уыцы бон фæлладуадзæныл банымайын, фæлæ уый размæ хъæуы саразын нормативон акт æмæ дзы фæбæрæг кæнын, уыцы бонæн куыд фиддзысты, уый. Ис ма фæллойгæнæгæн радтын фæлладуадзæн бон отпусчы бонтæй спайда кæнгæйæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – 2020 азы фæстаг бон хауы цыппæрæммæ. Бæрæгбоны агъоммæ боныл нымад кæй у, уый тыххæй уыдзæнис иу сахат цыбырдæр. 31 декабрь фæлладуадзæн боныл банымадтой нæ бæстæйы æртын регионæй фылдæр. Ног азы бæрæгбæтты не мбæстонтæ сæ фæллад уаддзысты фыццæгæмæй дæсæм январмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania