Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, гыццыл чызг рынчын у уæззау низæй
Бæдуаты Зæринæйæн баххуыс кæнынæн дарддæр æмбырдгонд цæуынц фæрæзтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, гыццыл чызг рынчын у уæззау низæй. Спинально-мышечная атрофия кæй хонынц, уымæн йæ фыццаг къæпхæнæй. Зæринæйы аирвæзын кæнынæн хъæуы зынаргъ препарат. Йæ аргъ у 2 милуан доллæрæй фылдæр.
Ныртæккæйы онг уал зæрдæхæлар адæмы фæрцы бантыст 108 милуан сомы сæмбырд кæнын. Баззади ма 47. Цæгат Ирыстоны хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы волонтертæ бæстон кæсынц, фæрæзтæ куыд æмбырд кæнынц, уымæ. Æппæт хъусынгæнинæгтæ ныммыхуыр кæнынц бæлвырд фæзты. Æхца арвитæн ис цалдæр хуызы: дзырд «ДОБРО15»-имæ смс-хъусынгæнинаг арвитын цыбыр номыр 7522-мæ, йæ аргъ у 75 сомы. Хыгъдмæ арвитын, кæмæн йæ бон цас у, уыйбæрц æхца. Уымæй дарддæр ма горæты бирæ рæтты æвæрд æрцыдысты хæрзаудæн урнæтæ.