филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:20 суббота, 28 сентября 2024
25 декабря 2020, 11:58
Тæвд хæринагæй куыд ифтонг кæнынц, уый базоныны тыххæй та радон рейды рацыдысты Æхсæнадон Палатæйы минæвæрттæ

Аныхас кодтой скъоладзаутимæ, стæй ма сын фадат уыд хæрзад хæринагæй ацаходынæн дæр

Скъолаты хæрæндæтты куыстмæ нæ республикæйы цæуы бæстон цæстдард. Сывæллæтты тæвд хæринагæй куыд ифтонг кæнынц, уый базоныны тыххæй та радон рейды рацыдысты Æхсæнадон Палатæйы минæвæрттæ. Аныхас кодтой скъоладзаутимæ, стæй ма сын фадат уыд хæрзад хæринагæй ацаходынæн дæр. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ скъолайы цы аходæн фæкæнынц, уымæй тынг разы сты. Пюре æмæ хæрзад кæсаг. Цы ма уа уымæй æй хуыздæр.

Дыккæгæм къласы ахуырдзау Гæбуты Олег куыд зæгъы, афтæмæй йæ фидарæй уырны – райсомæй хæрзад хæринаг куы бахæрай, уæд ахуыр дæр иттæг хорз кæндзынæ.

Республикæйы Æхсæнадон Палатæйы минæвæрттæ скъоладзаутимæ дæр аныхас кодтой, æмæ ма сæхæдæг дæр федтой хæринаджы хæрзаддзинад.

Майрæнсаты Зураб скъолайы хæрæндоны куысты тыххæй бæрæггæнæнтæ фæисы алы бон дæр. Йæ фырт цæуы фыццæгæм къласмæ. Ныр та йын йæхицæн фæци фадат скъолайы тæвд хæринагæй ацаходынæн.

Лазарты Эльвирæ у дыууæ сабийы ныййарæг. Уымæ гæсгæ йæ тынг фæндыди фенын, сывæллæттæн цы хойрæгтæ бацæттæ кæнынц, уый. Стæй ма йæ рейды бацархайын дæр зæрдиагæй фæндыди.

Дзæуджыхъæуы 21-æм скъолайы меню дæр дисы фтауы. Æрмæст нæлхæйы бæсты кæстæртæн дæттынц хæрзад фæткъуытæ. Ацы хъуыддагмæ фиппаинæгтæ хæссын нæ хъæуы, зæгъынц хæрæндоны кусджытæ.

Ахæм бæрæггæнæн куыст скъолаты хæрæндæтты афæдзы райдианæй арæзт фæцæуынц рæстæгæй-рæстæгмæ. Фæлæ ацы хатты хуызæн æхсызгон æнкъарæнтæ арæх нæ ныууадзынц.

Фиппаинæгтæ кæмæн рхсатой, уыцы скъолатæм цæудзæн бæстондæр цæстдард. Рейдтæ арæзт цæудзысты ног азы каникулты фæстæ дæр, зæгъынц Æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ. Хатдзæгтæ та хъусын кæндзысты социалон службæтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania