филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:23 суббота, 28 сентября 2024
29 декабря 2020, 12:18
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон акци «Бæллицты заз бæлас»

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады уæнгтæ æххæст кæнынц сидзæр, æмæ æнæн ныййарджыты æвджид чи баззад, ахæм сывæллæтты бæллицтæ

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон акци «Бæллицты заз бæлас». Куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр аивгонд æрцыд сывæллæтты миддунейы бæллицтæй. Акци царды рацыд, æппæтуæрæсеон проект «Мечтай со мной» æххæст кæнгæйæ.  Дыууæ азы размæ проект хаст æрцыд президентон платформæ «Россия – страна возможностей»-мæ, æмæ йын радтой федералон статус. Уыцы мгъуыдмæ лæвæрттæ райстой нæ бæстæйы 8 мин сывæллонæй фылдæр. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады уæнгтæ æххæст кæнынц сидзæр, æмæ æнæн ныййарджыты æвджид чи баззад, ахæм сывæллæтты бæллицтæ. Уымæй дарддæр сæ узæлд æнкъарынц, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм, æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæй сабитæ. Партийы активисттæн сæ бон у уыцы-иу хатт цалдæр бæллицы сæххæст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania