филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 суббота, 28 сентября 2024
30 декабря 2020, 11:51
Дыгуры районы рæзтыл афæлгæст

Районы æхсæз хъæуыл рафæлгæсгæйæ зæгъын æмбæлы, алкæцы ран дæр дзы цæрджыты риссагдæр фарстата лыггонд кæй æрцыдысты æмæ цæуынц, уый

Цæгат Ирыстоны фæстаг рæстæг хорзырдæм ивддзиндтæ конд кæм не рцыд, ахæм район, хъæу стæм у. Афæдзы дæргъы не сфæлдыстадон къорд дæр уыцы бынæттыл зилгæйæ, сæ кой хæццæ кодтам сымахмæ, нæ равдыстмæ кæсджытæ. Фæлæ азы кæрон та алчидæр скæны хатдзæгтæ æма нæ абоны равдысты афæлгæсдзыстæм Дыгуры районы ног хъуыддæгтыл.

Республикæйы дзыллон информацион фæрæзты кусджытæ федтой, Дыгуры районы ацы аз конд цы æрцыд, уыцы хъуыддæгтæ. Районы æхсæз хъæуыл рафæлгæсгæйæ зæгъын æмбæлы, алкæцы ран дæр дзы цæрджыты риссагдæр фарстата лыггонд кæй æрцыдысты æмæ цæуынц, уый. Царды алы къабазмæ дæр дзы æргом здæхт æрцыд. Адæмы æнцондзинадæн, федералон æмæ национ программæтæм гæсгæ дзы бирæ ног гæнæнтæ фæзынд. Дур-Дуры хъæуы конд æрцыдысты сæ фæндæгтæ. Ивд æрцыдысты доны хæтæлтæ æмæ ныр дон зæрдæйы фæндон цæуын райдыдтæ алы хæдзары дæр. Сарæзтой дзы фæлладуадзæн бынат. Сæ æмбулаторийы фæзынд дæндæгтæ дзæбæхгæнæн кабинет. Дур-Дуры цæрæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, Цалиты Сафарби куыд зæгъы, афтæмæй рæстæджы цыды бирæ хъуыддæгтæн æвдисæн у, фæлæ сæ хъæуы ныр цы гæнæнтæ фæзынд, ахæмтæ та дзы никуы уыд.

Дыгуры районы ма тротуартæ конд æрцыд Мустыздæхы. Уым дæр уыцы хорздзинадæй фæхайджын сты хъæуы цæрджытæ, уыимæ та ма уынгты æвæрд æрцыд цырæгътæ. Ахуырады къабазы райрæзтыл дæр фæбæрæг сты сæрмагонд программæтæ æмæ проекттæ. Николавскæйы цалцæггонд æрцыд хъæуы скъола.

Дигорайы та конд æрцыд 55 бынатæн рæвдауæндон. Ныр фæзынд фадат раздæрыккон фæуæрæхдæр кæнынæн. Дыгуры районы ма арæзт æрцыд цыппар раны «Точка Роста»-йы центртæ. Дыууæ сты Дигорайы, иннæ дыууæ та хъæуты.

Дыгуры районы фосдарыны куыстмæ дæр фæстаг рæстæг фылдæр æргом здæхт æрцыд. Грæнтты фæрцы сæ гæнæнтæ фæфылдæр сты бирæ хæдзарæдтæн. Гуыйты Руслан æмæ Эммæйы бийнонтæ грант 2 милуаны æмæ 4 сæдæ мин сомы райсгæйæ, балхæдтой хæрзхъæд Швицаг фосы хуыз.

Стыр æнтыстдзинадыл ма банымайæн ис ацы аз Дигорайыл иувæрсты цæуæг фæндаг кæй фæзынд, уый дæр. Йæ фæрцы цалдæр хъæумæ цæугæйæ Дигорайы хуылфыты цæуын нал хъæуы. Дыгуры районы Футболон Клуб «Дигора»-йы командæ та цин кæны сæ ногдзинадыл. Сæ фæзы сын сæвæрдтой трибунæтæ. Адæмæн бадæн бынæттæ кæй хъæуы футболмæ кæсгæйæ уыцы курдиатимæ бацыдысты республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ, æмæ афтæмæй ныхæстæ рацыдысты сконд хъуыддæгтæм, адæмæн æнцон мадзалмæ.

Дыгуры районы цæрджытæй уырнгæ дæр нæ кæны, сæ районы цард кæй бацайдагъ, уый. Рагæй дæр дзы ног арæзтæдтæ, ног сконд хъуыддæгтæ нал уыд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania