филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:22 суббота, 28 сентября 2024
30 декабря 2020, 11:53
Æрыдоны цæрджытæ фадат нæ радтой ахæм телекоммуникацион цæджындз

Уæрæсейы та 5G йы бастдзинад нырма нæй егъау горæтты, чысыл районты æмæ хъæутыл ныхас дæр нæ цæуы

Бирæтæ сæ нæ федтой, фæлæ сæ куысты тыххæй се ппæт дæр фехъуыстой. 5джи кæй хонынц, уыцы цæджындзтæ нымад сты наукон-техникон прогрессы символыл. Фæлæ ма сæ уыимæ бирæтæ нымайынц тæссаг ногдзинадыл дæр. Афтæ Æрыдоны бынæттон цæрджытæ фадат нæ радтой ахæм телекоммуникацион цæджындз. Уæрæсейы иу ран дæр æвæрд нæма рцыд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Чырæ телефонтæ райсгæйæ Æрыдоны цæрджытæ тох кæнын райдыдтой нырыккон нымæцон бастдзинад «5G» ныхмæ. Сæ æнæразыдзинады быцæу равæрдтой социалон хызæгты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хызæгты куыст та аразгæ у, цы бастдзинады ныхмæ тох кæнынц, уымæй. Ахæм дыууæрдæм хъуыддаг. Æрыдоны районы разамынды хъуыдымæ гæсгæ ахæм уавæр сæвзæрд адæм кæронмæ кæй не мбарынц ног информацион технологиты куыст, уый фæдыл.

Ацы бастдзинады цæджындз хъуамæ сифтыхтаиккой кæйдæр зæххы хайыл, йæ хицау фæнд кодта фæзуат мобилон бастдзинады оператортæн арендæйы радтын. Æрыдоны районы дзы ныронг сæвæрдтой цалдæр.

Закъонмæ гæсгæ мобилон бастдзинады цæджындзтæ сифтындзынмæ разыйы дзуапп райсын хъæуы цалдæр структурæйæ. Зæгъæм фæлхасадмæ цæстдарды управлени, уыимæ дыууæ хатты.

Абоны домæнтæм гæсгæ интернет æмæ мобилон бастдзинад сты царды æнæмæнг хъæугæ фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ информацион технологиты æмæ бастдзинады разамынд архайы, цæмæй ацы хорзæх бахæццæ уа æппæты дæрддзæф хъæутæм дæр.

2020-æм азы æппæт дунейы цæрджытæ социалон хызæгты равæрынц 5G адæймаджы æнæниздзинадæн цы зиан хæссы, уый, пырх кæнынц интернеты цæджындзтæ. Уæрæсейы та 5G йы бастдзинад нырма нæй егъау горæтты, чысыл районты æмæ хъæутыл ныхас дæр нæ цæуы. Æрыдоны цы адæм æрмбырд, уыдоны та фæнды хæдбар экспертизæ саразын. Уæрæсейы фæлхасадон цæстдардæй фæстæмæ хæстæгдæр лаборатори ис Пятигорскы. Фæлæ йын цæмæй хатдзæг скæной, уый тыххæй кусæнгарз хъæуы фыццаджыдæр уал бафæлварын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania