филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 суббота, 28 сентября 2024
03 января 2021, 22:20
Депутат Хъазыбегты Георгий цæрæнуат балхæдта сидзæр сывæллæтты хæдзар-интернат «Ласка»-йы рауагъдонæн

Иууатон фатер лæппуйæн сси æцæг Ног азы дисыфтауæг цау

Цæгат Ирыстоны парламенты депутат Хъазыбегты Георгий йæхи фæрæзтæй цæрæнуат балхæдта сидзæр сывæллæтты хæдзар-интернат «Ласка»-йы рауагъдонæн. Иууатон фатер лæппуйæн сси æцæг Ног азы дисыфтауæг цау. Бирæ рæстæг Зауырбег царди æмдæзрæны. Нырæй фæстæмæ та йæ цард аивдзæн, æмæ райдыдта фидæнмæ нысантæ æвæрын. Цавæртæ, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Зауыр Гудушаурийæн ног арæзт хæдзары иууатон фатер сси Ног азы стыр лæвар. Йæ къухы дæгъæлты баст, уый та у, уымæн æвдисæн. Йæ бæллиц сæххæст. Меценат Хъазыбегты Георгий сидзæр сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинагæн баххуыс кодта æмæ Нога зы къæсæрыл сси йæхи хæдзары хицау. 27 аздзыд лæппу бирæ рæстæг царди æмдзæрæны.

Зауырæн йæ хъысмæт хуымæтæг нæу. Лæппуйæн гуырцæй йе нæниздзинад уыди хъыгдард æмæ бирæ рæстæг йæ бон къахыл лæууын нæ уыди. Баххуыс ын кодтой Санкт – Петербурджы дохтыртæ. Зауыр райста уæлдæр ахуырад, у ювелир. Каст фæцис магистратурæ. Ныртæккæ та архайы ног дæсныйад райсыныл. Ахуыр кæны национ музыкалон инструменттæ аразыныл. Зауырæн æнтыстдзинæдтæ ис спорты дæр. Зауыр йе нкъарæнтæ не мбæхсы. Ацы æхсызгон цауы фæстæ йæ царды æрлæууыд ног фæндагыл.

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур куыд загъта, афтæмæй Хъазыбегты Георгий бирæ азты йæ цæст дары сидзæр сывæллæтты хæдзар «Ласка»-мæ.

Зауыр зæгъы, афон у фидæнмæ бæлвырд нысантæ æвæрын. Хи фатеримæ та йын уый у ноджыдæр æнцондæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania