филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:22 суббота, 28 сентября 2024
03 января 2021, 22:25
Беслæны 31 бирæсывæллонджын бинонтæн лæвар радтой зæххы хæйттæ

Цалдæр бинонтæ ног азы бæрæгбоны агъоммæ бабæрæг кодта Беслæны муниципалон сконды сæргълæууæг Тæтæраты Вади

Сæ ног азы лæвæрттæй баззадысты разыйæ. Беслæны 31 бирæсывæллонджын бинонтæн лæвар радтой зæххы хæйттæ. Цалдæр бинонтæ ног азы бæрæгбоны агъоммæ бабæрæг кодта Беслæны муниципалон сконды сæргълæууæг Тæтæраты Вадим. Фыццæгтæ уыдысты Добаты бинонтæ. Бирæсывæллонджын ныййарæг Кристинæ бæрнон кусæгыл сæмбæлд йæхи хæстæджы хуызæн. Æмæ куыд нæ? Ног азы бæрæгбон ахæм лæвар райсын æхсызгон хъуыддаг куыд нæ у. Ацы бонты йын радтой сертификат йæ зæххы хайæн. Хъæуы ма йæ лыстæг хъуыддæгтæ бакæнын, æмæ Кристинæ уыдзæн зæххы хайы æххæстбарджын хицау. Цы ран ын радтой, уымæй æрыгон сылгоймаг тынг разы у. Хæдзар аразын райдайдзæн мадæлон капиталы фæрæзтæй. Кристинæйæн ис 4 сывæллоны. Зæххы хæйттæ ма радтой ноджыдæр 30 бинонтæн Беслæны маисон комбинаты районы. Алкæцыйы дæр фæйнæ 5 сотыхы.

Æрæджы дæр ма ацы территорийæн уыди æндæр хуыз. Цыбыр æмгъуыдмæ йæм базылдысты – бæлæстæ акалдтой, бафснайдтой, аластой бырæттæ. Кристинæ ныридæгæн базонгæ йæ фидæны цалдæр сыхагимæ. Уыдоны хсæн ис Ирина Ким дæр. Уый хыгъды йæхи æвæрдта дыууæ хатты. Фыццаг хатт цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ хъуыддаг нæ фæрæстмæ, ныр та сси ног зæххы хайы хицау. Бирæ арфæйы ныхсæтæн Беслæны муниципалон сконды сæргълæууæг Тæтæраты Вадим хæдæфсармæй ратты дзуапп – зæгъгæ бацархайдтой закъоны бындурыл скæнын алцыдæр, цæмæй адæмы цард фенцондæр кæной, уый тыххæй. Разæй дæр сæм æнхъæлмæ кæсы бирæ куыстытæ. Сæйрагдæр – районы рæзтыл куыст. Куыд ма загътам, афтæмæй ныридæгæн зæххы хæйттæ радтой 31 бинонтæн. Рады та ма лæууынц 150-йæ. Администрацийы зæгъынц, архайдзысты ацы фарста алыг кæныныл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania